Цæгат Ирыстоны пъæлицæйы кусджытæ бæрæг кæнынц цæстфæлдахæн митимæ баст цау
Цæгат Ирыстоны пъæлицæйы кусджытæ бæрæг кæнынц цæстфæлдахæн митимæ баст цау. Барадхъахъхъæнджытæм Дзæуджыхъæуы æххуысагур фæсидт 36-аздзыд бынæттон цæрæг. Сылгоймаг кыд радзырдта, афтæмæй йæм телефонæй æрбадзырдта æнæзонгæ нæлгоймаг. Йæхи схуыдта банчы кусæг. Куыд ын бамбарын кодта, афтæмæй йæ банчы хыгъдæй æхцайы фæрæзтæ сæфынц. Сæ бахъахъхъæнынмæ банчы мæнг кусæг сылгоймагæй æрдомдта йæ картæйы номыртæ. Сылгоймаг æппæт домæнтæ дæр баххæст кодта. Афтæмæй йæ картæйæ фæхъуыд 40 мин сомы бæрц. Ныртæккæ ацы цауы фæдыл цæуынц сгарæн-агурæн мадзæлттæ. Цæгат Ирыстоны мидхъуыддæгты министрады кусджытæ сидынц цæрджытæм, цæмæй уой къæрцхъусдæр. Цæстфæлдахджыты сайæн митæй сæхи хъахъхъæной. Хи тыххæй информаци æнæзонгæ адæмæн ма хъусын кæной. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны пъæлицæйы кусджытæ бæрæг кæнынц цæстфæлдахæн митимæ баст цау
Категория:
Новости и СМИ