Тренер Хъыргъаты Руслан йæ хъомылгæнинæгты акодта Хъобанмæ
Пайда цы у æмæ зæрдæйæн æхцондзинад цы хæссы, уый баиу кæнын се 'ппæт нæ фæзонынц. Нæ дарддæры æрмæджы хъайтар - Хъыргъаты Руслан - ацы хабар зоны иттæг хорз. Бавдæлд æмæ йæ хъомылгæнинæгты - спортсменты - акодта балцы æрдзмæ. Уыимæ - Хъобанмæ. Тренеры куыстæй уæлдай ма сын сæ размæ рахæссы, фæсивæд раст хуызы цæй фæрцы хъомыл кæнынц, ахæм хæстæ дæр. Рæстæг хъæлдзæгæй арвитын, стæй ма уымæй уæлдай пайдаимæ. Хъыргъаты Руслан йæ куысты архайы, цæмæй йæ хъомылгæнинæгтæ сæ рæстæг зæрдæргъæвдæй æрвитой. Руслан у дзюдо æмæ джиу-джитсу-йы спорты хуызты тренер. Ацы хатт уый йæ сывæллæттимæ рабалц кодта Хъобанмæ. Хъыргъаты Русланы ныхæстæм гæсгæ, хъуамæ алы тренер йæ хъомылгæнинагимæ кæна бæстон куыст. Канд спортивон æнтыстытæй уæлдай ма сывæллæттимæ кæна хъомыладон куыст дæр. Уый та, кæй зæгъын æй хъæуы, ныййарджытæй аразгæ дæр ма у. Ныронг ацы балц акодтой фыццаг хатт. Русланы хъомылгæнинæгтæ сты Дзæуджыхъæуы 44-æм æмæ 25-æм скъолаты ахуырдзаутæ. Семæ республикæйы районтæй дæр. Ныртæккæ уал Хъобанмæ балцы рацыдысты 30 сабийы. Фæлæ фидæны ацы бынæттæ кæй сцимыдис кæной уыдон дзæвгар фылдæр уыдзысты. Хъыргъаты Руслан йæхæдæг хъомыл кæны фондз сывæллоны, æмæ йæ зоны сабитæм цавæр цæстæнгас дарын хъæуы, уый. Ныртæккæ дæр нæ фæфæсмон кодта ахæм хæс йæхимæ кæй райста æмæ сывæллæттæн Хъобаны рæсугъд æрдз кæй фенын кодта. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Тренер Хъыргъаты Руслан йæ хъомылгæнинæгты акодта Хъобанмæ
Категория:
Новости и СМИ