Экстремизмы ныхмæ тохы хайады кусджытæ архайдтой фæсивæдон бæрæгбоны кадджын мадзæлтты
Цæгат Ирыстоны экстремизмы ныхмæ тохы хайады кусджытæ архайдтой фæсивæдон бæрæгбоны кадджын мадзæлтты. Ацыдысты хæхбæстæм. Хæлар ахастытæ æндидзæн мадзал рауад хъæлдзæг æмæ зæрдæмæдзæугæ. Архайдтой ма дзы национ æхсæнадты фæсивæдон дæлхайæдтæ, æхсæнады минæвæрттæ, хицада уæнгтæ, барады кусджытæ, ахуыргæндтæ. Форум саразыныл бакуыстой адæмты хæлардзинады хæдзары минæвæрттæ æмæ нациты `хсæн ахастыты фæдыл министрады уæнгтæ. Уазджытæн сарæзтой, дисы сæ чи бафтыдта, ахæм экскурситæ дæр. Федтой рагон мæсгуытæ, хæстæгдæр базонгæ сты ирон адæмы цардыуагимæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Экстремизмы ныхмæ тохы хайады кусджытæ архайдтой фæсивæдон бæрæгбоны кадджын мадзæлтты
Категория:
Новости и СМИ