Хуссар Ирыстоны командæ æвадат фæндæгтыл хæдтулгæйыл цæуынæй ерысты райста дыккаг бынат

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

4 просмотра

7 лет назад

Дагестаны уыд Цæгат Кавказы федералон зылды æвадат фæндагыл хæдтулгæтыл цæуыны ерыстæ. Турниры архайдтой 30 экипажы Цæгат Кавказы федералон зылды регионтæй. Се ’хсæн фæлтæрдджын спортсментæ дæр. Чемпионаты фæлгæты сарæзтой алыхуызон зын дугътæ. Архайджытæн уыд æппæт хъæугæ уавæртæ дæр. Сæрæндæр æмæ тагъддæр хæдтулгæты шофырты схорзæхджын кодтой кубоктæй æмæ зынаргъ лæвæрттæй. Хуыздæрты ’хсæн ерысты разынд Хуссар Ирыстоны командæ. Йæ сæргъы Гæззаты Олег афтæмæй. Хуссар Ирыстоны командæ æвадат фæндæгтыл хæдтулгæтыл цæуыны ерысты бацахста дыккаг бынат Цæгат Кавказы федералон зылды командæты хсæн, гом кубоккы фæндзæм къæпхæны. Кæд æвадат фæндагыл хæдтулгæтыл цæуынæй спорты хуыз æрæджы фæзынд, уæддæр фæсивæды хсæн æппæты уарзондæр у. Бирæ æвзонг лæппутæ сæ хæдтулгæтæн æрымысынц цыдæр ногдзинæдтæ, цæмæй сын къуылымпыты сæрты æнцондæрæй ахизой, стæй хуыздæр æмæ цырддæр цыд кæной сæ фæндагыл. Турнир сарæзтой Дагестаны тæссагдæр фæндагыл. Уыимæ ма турниры хæслæвæрдмæ гæсгæ ахизын хъуыд къуылымпыты сæрты. Фæндзæм къæпхæнмæ мадзал аразджытæ бæстонæй бацæттæ кодтой сæхи. Архайджытæ сæхæдæг куыд зæгъынц, афтæмæй фыццаг цыппар къæпхæны уыд æнцондæр ацæуын. Хуссар Ирыстоны командæйæн разамынд лæвæрдта Гæззаты Олег. Уый фæлтæрддзинады руаджы экипаж бацахста дыккаг бынат. Хуссар Ирыстоны спортсментæ сæ тыхтæ бафæлвæрдтой дыууæ фæлтæры: «Спорт» æмæ «Экстримы». Дыууæйы дæр разындысты хуыздæртæ. Хуссар Ирыстоны командæ ацы æнтыстдзинæдтыл æрлæууынмæ нæ хъавы. Дарддæр архайдзæн Цæгат Кавказы федералон зылды гом кубоккы кæронбæттæны хъæзтыты. Уый уыдзæн декабры. Ерыстæ арæзт уыдзысты Кæсæг-Балхъары республикæйы. Гæззаты Оледжы командæ зæрдæ дары турниры сæ къухы æнтыстдзинæдтæ кæй бафтдзæнис, уымæй. Уазиты Зæлинæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Хуссар Ирыстоны командæ æвадат фæндæгтыл хæдтулгæйыл цæуынæй ерысты райста дыккаг бынат

Категория:

Новости и СМИ