Дзæуджыхъæуы 26 бирæуæладзыгон хæдзары алыварс фæзуæттæ банывыл кæнындзысты
Дзæуджыхъæуы 26 бирæуæладзыгон хæдзары алыварс фæзуæттæ банывыл кæнындзысты.Паддзахадон программæ «Комфортная среда»-йы фæлгæты республикæйæн радих кæндзысты 37 милуан сомы. Уый тыххæй фехъусын кодта Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Æлбегаты Барис. Йæ ныхæстæм гæсгæ алы объектæн дæр сбæрæг кодтой аразтадон организаци. ныридæгæн уал 9 хæдзары кæрты æмæ сæ алывæрстыфæзуæтты цалцæггæнæн куыстытæ райдыдтой. Оперативон æмбырды ма ныхас кодтой æндæр фарстатыл дæр. Се `хсæн ног ахуыры азмæ скъолаты цæттæдзинадыл. Республикæйы хицауады сæрдары фыццаг хæдивæг Сæбæтхъуаты Æхсарбеджы ныхæстæм гæсгæ, бакусын хъæуы зынгсирвæстыты ныхмæ мадзæлттыл æмæ бæстыхæйтты техникон уавæртыл æмæ цæттæдзинадыл. Министраддт æ æмæ комитеттæ та скъолаты директортæн хъæугæ æххуыс хъуамæ кæной. Ахсджиаг фарста ма у районты комунналон службæтæхъармгæнæн сезонмæ сæхи куыд цæттæ кæнынц, уый дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Дзæуджыхъæуы 26 бирæуæладзыгон хæдзары алыварс фæзуæттæ банывыл кæнындзысты
Категория:
Новости и СМИ