Ансамбль «Алан»-ы бындурыл цы кафджыты студи уыд, уый йæ куыст сног кæндзæн

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

Адæмон кæфтыты ансамбль «Алан»-ы бындурыл цы кафджыты студи уыд, уый йæ куыст сног кæндзæн. Уый тыххæй Цæгат Ирыстоны культурæйы министр Къубалты Эльбрус бахæс кодта бакусын ансамблы аивадон разамонæг Тедеты Русланæн. Ныр уый хъуамæ, фæллой æмæ социалон гарантитæ æххæстгæнгæйæ, ансамблы скондмæ ивддзинæдтæ бахæсса. Уый хынцгæйæ, хъуамæ фидаргонд æрцæуа Кафджыты студийы фæткæвæрд. Архайыны фадат дзы уыдзæн 15 азы æмæ фылдæр кæуыл цæуы, ахæм æрыгон фæсивæдæн. Æвзардзысты сæ конкурсы хуызы. Кафын æмæ дзы ахуыр кæныны фадæттæ уыдзысты лæвар. Уыимæ ма, раздæр уыцы студийы цы сывæллæттæ архайдтой æмæ сæ азтæм гæсгæ домæнтæн дзуапп чи дæтты, уыдоны бартæ хъуамæ сног кæной, ома сын фадат раттой уыцы къорды дарддæр архайын. Хицæнæй нысангонд у, ацы кафджыты студи фæстаурæцгæнæн æмæ цæттæгæнæн студи кæй хъуамæ уа, уый дæр. Ома дзы чи архайа, уыдонæн фæстæдæр фадат уыдзæн паддзахадон ансамбль «Алан»-ы кафын. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, ацы аз фæззæджы, ансамблы цур цы кафджыты студи куыста, уый кæй сæхгæдтой. Адæм уæд сабухтой, дзуапп бадомдтой бæрнон кусджытæй. Ныййарджытæ ацы хъуыддаджы фæдыл иу æмæ дыууæ хатты не'мбæлыдыты ансамблы разамындимæ æмæ профилон министрады минæвæрттимæ. Ныр фарста иуварсгонд æрцæудзæн ахæм хуызы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Ансамбль «Алан»-ы бындурыл цы кафджыты студи уыд, уый йæ куыст сног кæндзæн

Категория:

Новости и СМИ