Дзæуджыхъæуы сарæзтой мастер-класс пауэрлифтингæй
Хъæугæ амынддзинæдтæ райс æмæ дæ тыхтæ штангæ исгæйæ бафæлвар. Дзæуджыхъæуы сарæзтой дæсныйадæвдисæн ахуыртæ пауэрлифтингæй. Сæйраг нысан у рæзгæ фæлтæры æнæниз цардыуагмæ æмхиц кæнын, стæй сын се 'ргом ацы дисциплинæмæ раздахын. Хæслæвæрдтæ зын нæ уыдысты. Мадзаларазджыты ныхæстæм гæсгæ, алы адæймаг дæр хъуамæ йæ гæнæнтæ зона. Спорты ацы хуызæй Цæгат Ирыстоны ӕрӕджы райдыдтой архайын. Уæвгæ, æнцон нæу куыд физикон, афтæ психологон æгъдауæй. Уый тыххæй спортсментæ фæсивæды рагацау бафæдзæхстой. Ахæм мастер-класстæ ма дарддæр араздзысты.