Дзæуджыхъæуы Дзанайты Азанбеджы номыл аивадон училищæйы кадджын уавæры радтой дипломтæ «Нывкæнынад»
Дзæуджыхъæуы Дзанайты Азанбеджы номыл аивадон училищæйы кадджын уавæры радтой дипломтæ «Нывкæнынад»
Дзæуджыхъæуы Дзанайты Азанбеджы номыл аивадон училищæйы кадджын уавæры радтой дипломтæ «Нывкæнынад» æмæ «Дизайн»-ы хайæдты. Рауагъдонты проекттæ ма бавдисдзысты декоративон-уæлæмхасæн аивады студенттæ. Сæ темæтæ сты алыхуызон: национ культурæ, нæ горæты историон цаутæ, æрдз. Рауагъдонтæй иу та йæхи къухтæй сарæзта нывгæнджыты кусæнгæрзтæн хызын. Къамисы бацархайдтой нæ республикæйы культурæйы министрады минæвæрттæ, зындгонд нывгæнджытæ æмæ культурæйы кусджытæ. Сæ ныхæстæм гæсгæ, училищæйы рауагъдонтæ равдыстой бæрзонд æмвæзадыл дæсныйад æмæ сфæлдыстадон арæхстдзинад.