Национ парк Аланийы йæ куыст райдыдта экологон лагерь
Уый тыххæй хъусын кæнынц Национ Парчы пресс- службæйæ. 10 чызджы æмæ лæппуйы Самарæйæ, Санкт-Петербургæй Екатеринбургæй, Мæскуыйæ æмæ æндæр горæттæй, баххуыс кæндзысты парчы кусджытæй. Архайдзысты Хæххон Дыгуры, æхсæрдзæн Галаузмæ цы туристон маршрут аразынц, ууыл. Хъуамæ скæной сæрмагонд арт-объекттæ кæй хонынц, уыдон. Фæндаг сыгъдæг кæндзысты, цæугæдæтты сæрты ахизынæн араздзысты хидтæ. Лагерь йæ куыст райдайдзæн 2 июлы. Фæуыдзæн та 15-ы. Уазджытæ ныридæгæн æрхæццæ сты нæ республикæмæ. Амидингæнджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй ахæм куысты уæлдай ма, бархионтæн бацæттæ кодтой цымыдисаг программæ. Йæ фæлгæты лагеры архайджытæн сараздзысты экскурситæ Национ парчы зндгонд бынæттыл. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Национ парк Аланийы йæ куыст райдыдта экологон лагерь
Категория:
Новости и СМИ