Ахæм хабæрттæ // 13 марта 2020
Йæ цæрæн бынат æнæбары чи ныууагъта, ахæм 800 бинонтæ райдзысты цæрæнуæтты сертификаттæ. Арæзтад æмæ архитерктурæйы министрад йæ куыстæн хатдзæгтæ кæны. Цавæр бæрæггæнæтæ æвдисы æмæ ма ноджы цæрæн бынæтты амонд кæй фæуыдзæн? 97 азы «Рæстдзинад»-ы фæдыл. Цæгат Ирыстоны адæмон газетæн - стыр бæрæгбон. Республикæйы цæрджытæ йæ уарзынц æмæ йæм алы бон дæр фенхъæлмæ кæсынц. Куыд архайынц ныртæккæ «Рæстдзинад»-ы кусджытæ? Базыдтам æй. Цавæр хоры мыггаг ныссадзын æмæ хуыздæр кæцы техникæйæ спайда кæнын хъæуы? Хъæууон хæдзарады фыццаг къахдзæфтæ чи кæны, уыдонæн - æмбæлгæ æххуыс. Республикæйы районты æнтыстджынæй кусынц компетенциты центртæ. Цæгатирыстойнаг богæлттæ æнтыстджынæй бацархайдтой ерысты дзюдойæ. Æппæтуæрæсеон чемпионаты архайдтой 23 азы онг кæуыл цæуы, уыцы спортсментæ. Æдæппæтæй 500 адæймагæй фылдæр. Сæ æнтыстдзинæдты тыххæй - чысыл фæстæдæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Ахæм хабæрттæ // 13 марта 2020
Категория:
Новости и СМИ