Дзанайты Барис муниципалитетты сæргълæуджытæй æрдомдта энергон лæггæдтæн фидыны фарстамæ аздахын
Республикæйы коммуналон комплексы куыстуæтты финансон-хæдзарадон архайд, уыимæ энергетикæ æмæ цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады куыстуæтты экономикон райрæзты фæдыл ацыд сæрмагонд æмбырд. Амыдта йæ Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдар Дзанайты Барис. Ахсджиаг фарстаты 'хсæн ма — энергон фæрæзтæй пайда кæныныны фæтк куыд æххæстгонд цæуы, уый. «Газпром межрегионгаз Владикавказ»- генералон директор Кодзаты Аслан куыд фæнысан кодта, афтæмæй газæн фидыны æмвæзад ивгъуыд азимæ абаргæйæ фæкъаддæр. Пайдагæнджытæй афойнадыл чи фиды, уыдоны 'хсæн — Алагиры район. Ам, фиддонты бæрц схызт 97%-мæ. Фæлæ, ис ахæмтæ афæдзы райдайæнæй нырма иу сом дæр чи нæ бахаста, ахæмтæ. Ныхас цæуы Кировы, Дыгуры æмæ Ирæфы районтыл. Дзанайты Барисы уынаффæмæ гæсгæ, хæстæг рæстæг фиддонты бæрц хъуамæ 100%- мæ рахиза. Ныхас ма цыд коммуналон инфраструктурæйы æнæхицау бæстыхæйттæ хиуыл регистраци кæныны барты тыххæй. Уыимæ дондзæуæн суадæттæ цы бæстыхæйттыл цæуы, уыдоны хиуыл регистраци кæныныл. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv