Фæззæджы Цæгат Ирыстоны туристты нымæц хъуамæ 10-15% фæфылдæр уа
Фæззæджы Цæгат Ирыстоны туристты нымæц хъуамæ 10-15% фæфылдæр уа. Уый ивгъуыд азы бæрæггæнæнтимæ абаргæйæ. Рагагъоммæ уый раиртæстой, январæй августмæ статистикæйы хатдзæгтæм гæсгæ. Фысымуæтты 70% нырридæгæн сты рагацау ахст. Уымæн ахъаз сты ног авиацион здæхтытæ дæр - Казань, Уфа, Пермь æмæ Екатеринбург. Республикæйы уазджытæ фылдæр цæуынц Фыййагдон, Цъæй æмæ Дыгугргоммæ. Уæлдай уарзон ма туристты æхсæн сты нæ регионы гастрономон æмæ культурæимæ баст туртæ. Алкæмæн дæр дзы йæ зæрдæмæ хъуамæ исты фæцæуа.