Плацкартон билетты аргъ сырæзт
Фæндагыл цæуыны `гъдæутты кой ракодтам, æмæ та сæм ногæй здæхæм. Æрмæст ныр та - иннæрдыгæй. Стæй зæгъдзыстæм æфсæнвæндæгты тыххæй. Абон дзыллон информацийы фæрæзтыл апарахат, адæмы æддæг-мидæг чи ауайын кодта, ахæм хъусынгæнинаг. Æваст, дам, фæзынаргъдæр сты плацкартон билеттæ. Фæлхасгæнджыты хъуыдымæ гæсгæ сыл бафтыд, ныронг цас уыдысты, иу уыйбæрц ма. Бæлццæтты æппæтуæрæсейон иугонд бахатыд Федералон монополиты ныхмæ службæмæ, цæмæй æгæр хъæппæрисджын æфсæнвæндæгты архайдмæ æркæсой. Уыцы-иу рæстæг Бæлццæттæласæн федералон компанийы сæхиуыл къæм абадын нæ уадзынц. Адæм, дам, хахуыртæ кæнынц. Билетты аргъыл кæй бафтыд, уый та бабастой сæ раздæры ныллæг аргъимæ. Фæлæ куыд зæгъынц, афтæмæй сæ къаддæрæй уæй кодтой сæрмагонд акциты тыххæй. Фæлæ бæлццæтты иугонды уæнгтæ дæр ахæм æнцон басæтгæ нæ разындысты. Бавдæлдысты, æмæ раиртæстой, адæмы цæсты тæккæ кадджындæр цы фæндæгтæ сты, уыдонмæ билетты æргътæ. Æппæты фылдæр бафтыд Мæскуыйæ Калиниградмæ поезды билетыл - й` аргъ фæцис 2 хатты фылдæр. Дзæвгар фæзынаргъдæр сты Мæскуыйæ Адлермæ, Санкт-Петербургмæ, Смоленск, Псков æмæ ма цалдæр горæтмæ билеттæ дæр. Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ Монополиты ныхмæ службæйы бæлцæтты иугонды курдиат райстой, зæгъгæ, журналисттæн фехъусын кодтой. Зæрдæ бавæрдтой, кæй йæм æркæсдзысты, уымæй дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Плацкартон билетты аргъ сырæзт
Категория:
Новости и СМИ