23 мартъийы, æрмæст 2001 æм азы, йæ куыст æххæстæй фæцис космосон станцæ «Мир» æн
Уæларвон тыгъдады йæ аразын райдыдтой 1986-æм азы 20 февралы. 10 азмæ ма йыл бафтыд 6 уæлæмхасæн хайы. Афтæмæй дзы рауад егъау орбиталон станцæ, цæрыны фадæттæ æххæстæй кæм уыдысты, ахæм. Йæ фыццаг экипажы уæнгтæ систы Леонид Кизим æмæ Владимир Соловьев, «Мир»-мæ абалц кодтой 1986-æм азы 15 мартъийы. Космосон станцæ цы фæкуыста, уыцы `мгъуыдмæ дзы сæ къахвæд ныууагътой 139 адæймаджы, се `хсæн - 12 фæсарæйнаг паддзахады 62 минæвары, афтæмæй. Æдæппæтæй «Мир»-ы конд æрцыд 23 минæй фылдæр зонадон фæлварæны, 78 хатты йæ цæрджытæ рахызтысты гом космосмæ. Рæстæгæй нымайгæйæ, сæ иумæйаг дæргъвæтиндзинад уыдис 360 сахаты. Райдианы космосон станцæйы пайда хъуамæ кодтаиккой æрмæстдæр 5 азы. Фæлæ йæ техникон миниуджытæ ахæм æнтыстджын рауадысты, æмæ «Мир» уæлæрвты афæстиат æнæхъæн 15 азы. Уæвгæ, райдайæн кæмæн вæййы, уымæн кæрон дæр æрцæуы. Станцæйыл рæстæг тых кæнын райдыдта æмæ йæ бахъуыд фæстæмæ зæхмæ æрисын. Цымыдисаг уый у, æмæ йæ хъуамæ Кавказы фæзуатмæ æруагътаиккой. Фæлæ куыдфæстæмæ фæтарстысты, исты фыдбылызтæ куы расайа зæхмæ хаугæйæ. Сæ фæнд аивтой æмæ орбиталон станцæйы пырхытæ судзгæйæ арвыл фæстагмæ федтой Фиджийы цæрджытæ. Тайванмæ дæр ма разындысты. Фæлæ уыцы нывтæй иу адæймаг афтæ фæтарст æмæ ма йæхимæ йæ къух дæр систа. Цæй, йæ фыдбылыз йæхи уæд... Космосон станцæ «Мир»-ы хæйттæ та æнустæм аныгъуылдысты Сабыр фурды арф доны. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
23 мартъийы, æрмæст 2001 æм азы, йæ куыст æххæстæй фæцис космосон станцæ «Мир» æн
Категория:
Новости и СМИ