Парижы сарæзтой ирон бæгæныйы бæрæгбон

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

«Ирон бæгæны-2019», зæгъгæ, æппæтадæмон конкурс сарæзтой Францийы сæйраг горæт Парижы. Ацы видеокадртæ нын æрбарвыстой Францийы цæрæг хо æмæ æфсымæр - Наниты Захар æмæ Марианнæ. Мадзал æрвылаз расидынц завод "Бавария", республикæйы культурæйы министрад, традицион культурæйы центр "Фарн" æмæ Францийы ирæтты ассоцаци "Алания"-йы хъæппæрисæй. Архайдтой дзы 40 адæймаджы. Конкурсы равдыстой ирон бæгæныйы 5 хуызы. Се скæнынмæ сын хойраг арвыстой Цæгат Ирыстонæй. Бæгæныйæ уæлдай ма конкурсы архайджытæ сцæттæ кодтой æндæр хойрæгтæ дæр. Жюрийы уæнгтæ, сæ сæргъы завод "Бавария"-йы сæйраг бæгæныфыцæг Ортабайты Зæринæ, афтæмæй хуыздæр бæгæныйыл банымадтой, Парижы цæрæг, зындгонд актрисæ Зæнджиаты Верæ кæй сфыхта, уый. Уæлахиздзау у Фыййаджыбылæй рацæугæ. Цымыдисаг ма уый у, æмæ 2017-æм азы конкурсы та уæлахиздзау уыдис Зæнджиаты Верæйы чызг - зарæггæнæг Кцойты Зарифæ. Ерысы архайджытæн завод "Бавария"-йы номæй ракодтой зæрдылдарæн лæвæрттæ. Ортабайты Зæринæ куыд зæгъы, афтæмæй Францийы æххæстæй банкъардта ацы конкурсы ахсджиагдзинад. Амы цæрæг ирон адæм сæ культурæ, традицитæ æмæ æвзагæн стыр аргъ кæнынц. Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ конкурс «Ирон бæгæны-2019»-ы кæронбæттæн къæпхæн уыдзæн 4-æм октябры Дзæуджыхъæуы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Парижы сарæзтой ирон бæгæныйы бæрæгбон

Категория:

Новости и СМИ