Дзæуджыхъæу бахауд, 3 хæдтулгæйы цы бинонтæм ис, ахæм адæймæгты цæрæнбынæтты номхыгъдмæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

7 лет назад

Дзæуджыхъæу бахауд, хи хæдтулгæтæ 3-йæ фылдæр цы бинонтæм ис, ахæм адæймæгты цæрæнбынæтты номхыгъдмæ. Уымæй уæлдай ма дзы сты Махачкала, Стъарапол, Грозна æмæ Налцыкк. Иннæ уæрæсейæгтимæ абаргæйæ ахæм бинонты нымæц амынд горæтты хæццæ кæны 14 процентмæ. Æгас паддзахады цæрæг бинонты 67 проценты сæ фæсарцы дарынц фæйнæ иу хæдтулгæйы, уыдонæй 25 проценты та - фæйнæ дыууæ. Иртасджытæ ма сбæрæг кодтой, хæдтулгæты хицæуттæ суæвын адæмæн куыд бантыст, уый дæр. Кæй бафарстой, уыдонæн сæ фылдæр æрдæг ахæм хорзæх сæхицæн ракодтой хи фæрæзтæй. 22 проценты сæ балхæдтой æфстау æхцайæ, 18 процентæн та сæ чидæр балæвар кодта. Фæлæ уый хыгъд дзуаппдæттæг адæмы æртыккаг хай такси нымайынц, хи хæдтулгæйæ къаддæр кæуыл хардз кæнынц, уыцы транспортон фæрæзыл. Мæскуыйы цæрджыты `хсæн ахæмтæ сты адæмы 42 проценты. Цымыдисаг рахонæн ис æндæр бæрæггæнæнтæ дæр. Хи хæдтулгæтæ кæй дуармæ ис, уыдонæн сæ 44 проценты таксимæ бадзурынц мæй цалдæр хатты. Се `ртыккаг хай та - къуыри цалдæр хатты. Ам дæр та мæскуыйæгтæ фæразæй сты - хæдтулгæтæ кæмæ ис, уыдоны 45 проценты уæддæр къуыримæ цалдæр хатты абалц кæнынц таксийы. Æхцайæ нымайгæйæ иу адæймаг таксийыл бахардз кæны 500 сомæй 3 мин сомы онг. Ацы бæрæггæнæнтæ сты æгас Уæрæсейы иртæстыты хатдзæгтæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Дзæуджыхъæу бахауд, 3 хæдтулгæйы цы бинонтæм ис, ахæм адæймæгты цæрæнбынæтты номхыгъдмæ

Категория:

Новости и СМИ