Ерыстæ къуххæстæй
Дзæуджыхъæуы 58-æм æфсады гарнизоны цæуынц ерыстæ къуххæстæй. Ацæудзысты 8-æм хатт. Турниры архайынц 100 спортсмены Хуссар æфсæддон зылдæй æмæ Цæгат Ирыстоны спортивон клубты минæвæрттæ. Лæгæй-лæгмæ спортсментæ хæцдзысты, цæмæй сын бар уа нæ бæстæйы иугонд æфсæддон командæмæ бахауынæн. 6 хатты сæ куы бафхæрой, уæд ерысты нал архайдзысты. Турниры чи фæуæлахиз уа, уыдон та хорзæхгонд æрцæудзысты майдантæй æмæ зынаргъ лæвæрттæй. Хуыздæр йæхи чи равдиса, уыдон хæцдзысты æппæтæфсæддон ерысты Хуссар æфсæддон зылды. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Ерыстæ къуххæстæй
Категория:
Новости и СМИ