Республикæйы бавналдзысты федералон фæндæгты цалцæгмæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

7 лет назад

Цæгат Ирыстоны федералон фæндæгты 52 километрыл сæвæрдзысты сæрмагонд уæлцъар. Уый фæндæгты бахъахъхъæндзæн афонæй раздæр баихсынæй. 2019-æм азы «Сларри Сил», зæгъгæ, технологийæ спайда кæндзысты 8 фæндаджы уаддзагыл. Уый тыххæй хъусын кæнынц федералон фæндæгты разамынд «Кавказ»-æй. Технологийы сæйраг нысан - фæндагæй пайда кæныны рæстæг адæргъвæтин кæнын. Специалисттæ бакусдзысты Дзæуджыхъæу æмæ Гуырдзыстоны арæны `хсæн, стæй Кæрдзынæй Беслæныл Дзæуджыхъæумæ уаддзагыл. Транскамы та Æрыдон æмæ Буроны `хсæн. Дзæуджыхъæу æмæ Кæрдзыны астæу 21 километры уаддзагыл куыстытæ фесты уалдзæджы. Иннæ объектты ныридæгæн цæуынц цæттæгæнæн куыстытæ. Федералон фæндæгты управленийы шофыртæм сидынц, цæмæй цалцæггæнæн куыстытæ цы уаддзагыл цæуынц, уым уой къæрцхъусдæр. Ацы бынаты хæдтулгæйы тагъдад хъуамæ уа 50 километры сахатмæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Республикæйы бавналдзысты федералон фæндæгты цалцæгмæ

Категория:

Новости и СМИ