Зæрдиаг арфæтæ
Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав ма зæрдиаг арфæ ракодта Дзæуджыхъæуы æмæ Алайнаг алчыр Леонидæн йæ 50 азы юбилейы фæдыл. Йæ зæрдæ йын загъта æнæниздзинад, амондджын цард æмæ Хуыцауы хорздзинæдтæй хайджын куыд уа. Адæймаджы мидварныл кусынмæ стыр æвæрæн кæй бахаста, уый тыххæй йын Битарты Вячеслав загъта бузныг. Республикæйы сæргълæууæг ма фæнысан кодта, регионы динты `хсæн æмгуыстады алчыр Леонидæн йæ архайд хъæугæ æмæ ахадгæ кæй у. Кавказы адæмыхæттытæ кæрæдзиимæ лымæнæй цæмæй цæрой, уыцы хъуыддагыл Хуыцауы минæвар бæстонæй архайы. Уымæ гæсгæ дзы Цæгат Ирыстоны разамынд у разы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Зæрдиаг арфæтæ
Категория:
Новости и СМИ