Октябрскæйы 2-æм скъола бындуронæй цалцæг кæнынц

2 тыс. подписчиков

12+
12+

16 просмотров

3 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

16 просмотров

3 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

16 просмотров

3 года назад

Ахуырадæн - аккаг уавæртæ. Октябрскæйы 2-æм скъола бындуронæй цалцæг кæнынц. Бæстыхайы куы самадтой, уæдæй нырмæ дзы ахæм егъау ивддзинæдтæ фыццаг хатт цæуы. Тагъд рæстæджы скъоладзаутæ æмæ сæ ахуыргæнинæгтæ бакъахдзæф кæндзысты райдзаст, ноггонд скъолайы къæсæрæй. Октябрскæйы 2-æм скъола 40 азы размæ сарæзтой. Бындуронæй йæ цалцæг кæнынц фыццаг хатт. Инженерон хызæгтæ иууылдæр раивинаг уыдысты. Хæрæндоны уæлдæфсыгъдæггæнæн дæр æвзæр уавæры рагæй уыд. Ныр фарста иуварсгонд æрцæудзæн. Куыстытæм бавнæлдтой фарон уалдзæджы. Зæронд æрмæджытæ иууылдæр рафтыдтой, æрмæст ма бæстыхайы сæрæй гыццыл баззад райхалинаг. Ам 300 сывæллонæй фылдæр ахуыр кæны. Ахуыртæ урæд не 'рцыдысты. Скъоладзаутæ цыдысты хъæуы 1-æм скъоламæ. Цалцæг фæнд кæнынц августы кæрон фæуын. Ацы бонты бындурон цалцæг райдыда регионы 21 скъолайы. Æмткæй райсгæйæ, афæдзмæ хъуамæ сног кæной 66 ахуырадон уагдоны. Ныртæккæ курдиæттæ цæттæ кæнынц 2024-2025 азтæм. Уыцы рæстæгмæ нысангонд у 70 скъолайы рацарæзт.

, чтобы оставлять комментарии