Адæймаджы цард заныргъ у
УФ-йы президенты цур Цæгат Ирыстоны æххæстбарджын минæвар Дзанайты Барис фембæлд 3419-æм æфсæддон хайады командыгæнджытимæ. Æрбахуыдтой ма ирыстонæй рацæугæ æфсæддонты дæр. Ныхас кодтой цы 18-аздзыд ирон лæппу дзы фæмард, ууыл. Куыд ма хъусын кодтам, афтæмæй 2-æм апрелы Хъозаты Рустам æбæлвырд аххоссæгтæм гæсгæ фæмард. Не мзæххонтæ куыд радзырдтой, афтæмæй æфсæддон хайы ницы хыл æмæ змæстытæ уыд. Сæ ныхæстæм гæсгæ, Рустам уыд хæларзæрдæ лæппу, стæй иу алкæмæ дæр фæндаг ссардта. Цы цау æрцыд, уый се ппæты дæр дисы бафтыдта. Ныртæккæ хъуыддаг æвзарынц барадхъахъхъæнæг оргæнтæ. Дзанайты Барис куыд бафиппайдта, афтæмæй Цæгат Ирыстоны разамынды фæнды слестгæнджытимæ иумæ кусын. Хъуыддаг йæхимæ райста Битарты Вячеслав. Æфсæддон прокурор ын хъусын кæндзæн æппæт хатдзæгты тыххæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Адæймаджы цард заныргъ у
Категория:
Новости и СМИ