Культурæйы ног хæдзар - Ног Бæтæхъойыхъæуы
Ног Бæтæхъойыхъæуы абон байгом культурæйы хæдзар. Хъæуы фæзынд ирхæфсæн бынат. Бæрæгбон бабæрæг кодтой республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав æмæ районы администрацийы минæвæрттæ. Культурæйы хæдзар Бæтæхъойыхъæуы нæ уыд 25 азы. Аивадон хуызы ахуырдзаутæ архайдтой бынæттон скъолайы. Ныр хъуыддаг аивта. Ног рæстæджы домæнтæн дзуапп чи дæтты, ахæм культурæйы галуан йæ дуæрттæ бакодта хъæуы фæсивæдæн. Бæстыхайы фæзуат у 500 квадратон метры, йæ бон суазæг кæнын у 300 адæймаджы. Центр саразыны курдиат уалдзæджы хицауадмæ балæвæрдта хъæуы цæрæг Берозты Риммæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Культурæйы ног хæдзар - Ног Бæтæхъойыхъæуы
Категория:
Новости и СМИ