Михаил Чернов бацæттæ кодта Хъолайы цъитийы бæллæхы тыххæй сæрмагонд равдыст
Хъолайы цъитийы бæллæхы тыххæй сæрмагонд равдыст бацæттæ кодта Михаил Чернов. Ульяновскæй нывгæнæг Дзæуджыхъæумæ æрбаласта, æрдзон фыдбылызы чи фæмард, уыдоны портреттæ. Се 'хсæн - бæхты театр «Нарты»-йы артисттæ, актер Галазты Хазби. Киноныв кæронмæ сисын сæ къухы нæ бафтыд. Авторы ныхæстæм гæсгæ, сæ фарсмæ йæ хъæлдзæг сабидуджы кумиртæ - Бодров-кæстæры хуызæн раджы чи ахуыссыд, ахæм стъалытæ - Владимир Высоцкий, Виктор Цой, Юрий Хой. Уыдоны 'руаджы портретист царды йæхи фæндаг дæр ссардта, сси нывгæнæг, уарзы ирон адæмы рæсугъддзинад. Фидæны азы Михаил Чернов фæнд кæны йæ равдыст фӕуӕрӕхдӕр кæнын. Бафтаудзæн ма сæм, бынæттон цæрджытæй æрдзон бæллæхы чи фæмард, уыдоны портреттæ дæр. Чернов нæ республикæйы фыццаг хатт нæй. Хæрз гыццылæй дæр æй фæндыд «Брат», зæгъгæ, фæсномыг кæуыл баззад, уый кæм фæзиан, уыцы бынат бабæрæг кæнын.