Сыздæхдысты уæлахизимæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

8 лет назад

Цæгат Ирыстоны æнтысджынæй архайынц уæлæмхасæн ахуырады программæты. Сæ иу – сфæлдыстадон гæнæтæ фылдæр кæнын. Ахæм хъуыдыйы фарс рахæцыд нæ республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министрад. Йæ фæлгæты, скъолатæ æмæ авиадон дæснытæ æмгуыст кæнынц. Зæгъгæм, Джызæлы астæуккаг скъола архайы республикæйы сфæлдыстады галуанимæ. Сарæзтой сæрмагонд къорд æмæ иумæ аивады бæрзæндтæм тырнынц. Æнтыстдзинæдтæ дæр ис – æрæджы къорд бацархайдта конкурс «Одаренные дети России»-йы, зæгъгæ. Мадзал уыди Санкт-Петербурджы. Скъоладзаутæ фæуæлахиз сты сæрмагонд номинацийы. Сæ æнтыстдзинæдты тыххæй радзырдтой нæ уацхæсджытæн. Радзырдтой фыдæны пълæнтты тыххæй дæр. Дæттæм сын ныхасы бар. Алы аз дæр нæ республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министрад скъолатæн снысан кæны ног домæнтæ. Уыдонæй иу – уæлæмхасæн ахуырад апарахат кæнын. Ахæм хъуыдыимæ Джызæлы скъола, 8 азы размæ бафыста сæрмагонд бадзырд Цæгат Ирыстоны Сывæллæтты Сфæлдыстады Галуаны минæвæрттимæ. Æмгуыстады руаджы сывæллæттæн фæзынд фадат скъолайы аивадон къордды архайын. Хæрзæрæджы скъолайы театралон къорд сæздæхт радон æркастæй. Санкт-Петербурджы арæзт æрцыд 4-æм грант-конкурс «Одаренные дети России», зæгъгæ. Джызæлы ахуырдзаутæ сæ куыстытæ равдыстой номинаци «Театр моды»-йы. Сывæллæттæ бацæттæ кодтой уацмыстæ «Ацæмæзы уадындз» æмæ «Æрдзы райхъал». Бацархайдтой дзы 15 скъоладзауы. Костюмтæ иууылдæр сывæллæттæ сæхæдæг цæттæ кодтой. Сахуыр кодтой нывæфтыды алы фæзылды сусæгдзинæдтæ. Конкурсы хаддзæгтæм гæсгæ, къорд бацахста фыццаг бынат. Жюрийы уæнгтæ сын стыр аргъ скодтой сæ цымыдисаг куыстæн. Ацы æркасты Джызæлы скъолайы аивадон къорд фыццаг хатт нæ архайы. Ивгъуыд аз конкурс арæзт уыд Сочийы. Уырдыгæй дæр сывæллæттæ сыздæхтысты уæлахиздзаутæй. Уæд бацархайдтой номинаци «театр»-ы æмæ бацæттæ кодтой аргъау. Ахæм æнтыстдзинæдтæ нæ рауадаиккой æнæ фæкæсджытæй дæр. Абалц кæнынæн баххуыс кодтой хъæуы администрацийы минæвæртты руаджы абалц кодтой. Сывæллæтты æнкъарæнтæ ныр дæр ма бæрæг кæнынц сæ ирд цæстыты. Фидæнмæ къордмæ ис бирæ хъуыдытæ. Скъоладзаутæ зæрдиагæй æнхъæлмæ кæсынц ног æркæстытæм. Фæнды сæ сæхи æндæр аивадон хуызты дæр бафæлварын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Сыздæхдысты уæлахизимæ

Категория:

Новости и СМИ