Быроны бын фестæм
Адæм сæ алфамблай сыгъдæгдзинадыл фæтутæ кодтой. Горæт æмæ хъæуты алывæрсты быроны уындæй зæрдæ бамæгуыр вæййы. Уавæрыл сахадыны хæс сæхимæ райстой æппæтуæрæсеон адæмон фронты уæнгтæ. Фарон ахæм æвæгæсæг бырондæттæ раиртæстой дæсгæйттæ. Фенæн сæ ис æппæтуæрæсеон адæмон фронты «бырæтты» картæйы. Быдыры уæрæх авналæнтæ, цъиуты цъыбар-цъыбур, фос сæ уды дзæбæхæн хизынц æмæ целлофан æууилынц. Ахæм ныв фенæн ис Фарн æмæ Къостайы хъæуты `хсæн. Кæрдæджы гæппæл арæх нæу, уæлдайдæр зымæгон, фæлæ уый хыгъд фос хойрагæй цух не `йафынц. Бынæттон цæрджытæ сыл аудынц, сæ бон куыд у, афтæ. Куы сын къоппыты æрдæгнызт дон ныууадзынц, банкæты бæгæны, уæлдай тынг та стуртæ уарзынц пластикæй конд бырæттæ. Фæлæ фос фос у æмæ хатгай сæ фæстæ нæ бафснайынц, пакетты сын цы хæринаг æрбаласынц, уый. Зæронд Бæтæхъойы цæрджытæ дæр хъахъхъæнынц æмæ ауæрдынц æрдзыл. Уæвгæ ам дæсгай азты афтæ зилынц хъоммæ. Цымæ фосы хицæуттæ та уавæрмæ цы цæстæнгас дарынц. Афтæ – Ногиры цæрджытæ дæр. Фæзминаг миниуæг сæхимæ райстой. Фæстейы нæ баззайынц бырæттæ калыны хъуыддаджы. Хойраджы фæлхæрдтæ контейнеры ныппарын, цæмæй сæм фос мацы хуызы `внала. Абабау... Кæрдæджы бæсты фæлтау – хæрзад пластмассæ. Дзæуджыхъæу та уæдæ – се `ппæты разæй. «Æнæзакъон бырондæттæ сыгъдæггонд цæуынц æппынæдзух. Фæлæ цы мадзæлттæ аразæм, уыдон ницы пайда хæссынц, административон ивартæ дæр никæй уромынц. Нæ хъуыдымæ гæсгæ, бынæттон хиуынафæййады куыд æмбæлы, афтæ бæрнонæй сæ куыст нæ кæнынц. Фыццаджыдæр, хъуамæ зоной 131-æм закъон. Уым бæлвырдæй бæрæггонд сты хауæццæгтæ æмбырд кæнын æмæ бакусыны мадзæлттæ», – РЦИ-Аланийы æрдз хъахъхъæныны министрады паддзахадон æкологон цæстдарды управленийы сæргълæууæг Тобойты Алан. Æрдз цы заууат уавæрмæ æрцыд уымæ се ргом аздæхтой æхсæнадон организацитæ дæр. Æппæтуæрæсеон адæмон фронты проект «Генеральная уборка» нæ республикæйы ивгъуыд азæй æххæст кæнынц. Фарон æнæхицау быроны полигонтæ кæм сарæзтой, ахæм бынæттæ рабæрæг ис 42. Фенæн сæ ис æппæтуæрæсеон адæмон фронты «бырæтты» картæйы. Къамы дзы сбæрæг кæнæн ис, бырондон сыгъдæггонд æрцыд æви нæ, уый. Алы аз æрдзхъахъхъæныны министрад, æхсæнадон организацитæ, æмæ районты сæргълæуджытæ тох кæнынц уавæрыл хуыздæрырдæм сахадыныл. Фарон цыдысты байхъуыстытæ коммуналон хъæбæр хауæццæгты полигон саразыны фæдыл. Алагир æмæ поселок Рамоновæйы æхсæн. Экспертты ныхæстæм гæсгæ бырæтты фæзуат дзуапп лæвæрдтаид æппæт санитарон домæнтæн. Фæлæ цæрджытæ сабухтой. Дарддæр Джызæл, Дæллаг Саниба æмæ Архонкæ. Уым дæр хъавыдысты полигонтæ саразын. Экономикон æгъдауæй дæр пайда бæргæ хастаиккой, арæзт æрцыдаид ног куысты бынæттæ. Фæлæ та ам дæр бынæттон цæрджытæ хъæлæба кæнын райдыдтой æмæ хъуыддагæй ницыуал рауад. Никæй фæнды полигоны цур цæрын. Фæлæ сæм æнæзакъон бырондонимæ сыхагиуæг кæнын диссаг нæ кæсы. Бырæттыл цы завод бакусы, уымæн дæр йæ авналæнтæ цыбыр сты, се ппæт хауæццæгтæ бакусын йæ бон нæу. Уæвгæ уый æххуыс нæ бахъæуид, алы адæймаг дæр йæхимæ куы кæсид, æмæ æнæхъæугæ бырон контейнермæ куы хæццæ кæнид, уæд. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Быроны бын фестæм
Категория:
Новости и СМИ