18 азы размæ террористтæ бабырстой Беслæны 1-æм скъоламæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

128 просмотров

4 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

128 просмотров

4 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

128 просмотров

4 года назад

Ӕмӕ та ногӕй, ныр ӕстдæсæм хатт, Ирыстон, судзаг цӕссыгтӕ калгӕйӕ, мысы, 2004 азы сентябры Беслӕны террористон акты чи бацарӕфтыд, уыцы ӕнахъом скъоладзауты, ахуыргӕнджыты, ныййарджыты, стӕй, ирвӕзын сӕ чи кодта, уыцы хъӕбатыр ӕфсӕддонты рухс нӕмттӕ. Мин адæймагæй фылдæр бахаудысты тугдзых сырдты уацары. 186 сывæллоны фæмард. Цæссыгтæ рæстæг нæ бахус кæндзæн. Уыдон æнустæм баззадысты ам, скъолайы. Сæ къухы цы фæндтæ нæ бафтыд, уыдоны тыххæй зæрдæ риссы æппæт ирон адæмæн. 18 азы размæ райдыдта кадджын линейкæ. Бæрæгбонмæ цыдысты æнæхъæн бинонтæй. 9 сахаты æмæ 15 минутыл хъæлдзæг худт фæивта хъарæгæй. Фыццæгæм скъоламæ дыууæ хæдтулгæйыл бабырстой тугдзых сырдтæ. Пъæлицæйæгтæ сæ хъавыдысты бауромын. Райдыдтой æхстытæ. 5 минуты фæстæ 1 100 адæймагæй фылдæр бахаудысты террористты ахæсты. Сæ фылдæр – сывæллæттæ. Ныхкъуырд радтын йæ бон кæмæн уыд, уыцы нæлгоймæгты амардтой æппæты фыццаг. Иннæтӕй домдтой дуæрттæ сæттын, партæтæ хæссын, барикадæтæ аразын. Террористтæ ауындзын райдыдтой рæмудзæн æрмæджытæ, дзаг уыдысты зæгæлтæй. Ауыгътой сæ цары къуымты, æвæрдтой сæ бандæттыл æмæ пъолыл сывæллæттæм хæстæг. Адæмы уырнгæ дæр нæ кодта, цы зындоны бахаудысты, уый. Уынг горæты цæрджытæй дзаг. Адæмы зæрдæтӕ дзаг кодтой фыдбылыз ӕмӕ мастхæццæ 'нкъарæнтæй. Сæхи тыххæй урæдтой мидæмæ бацæуын ввонг. Нæлгоймæгтæ бырсынц скъолайы бæстыхаймæ. Цыфæндыйӕ дæр тырнынц сæ хиуæтты фервæзын кæнынмӕ. Ахӕм уавӕры хиуыл хӕцын тынг зын у. Дæ бон баххуыс кæнын куы нæ уа, уæд зæрдæ фӕйнӕрдӕм тонгӕ кæны. Террористимæ баныхас кæнын къухы нæ бафтыд. Боевиктæ рæмудзæн æрмæгыл хæцыдысты къахæй, куы-иу бафæлладысты уæд-иу ыл чингуытæ æрæвæрдтой. 1 мин 128 уацайраджы. Къуындæг æмæ æнтæф залы. Æнæ дон æмæ хæринагæй. Ацы зындоны адæмы фӕдардзысты æртæ боны. 2-æм сентябры 11 сахатыл фыдгæнджытæ ахст адæмæй иуимӕ рарвыстой гæххæтт сæ домæнтимæ. Сыф къухæй-къухмæ цыд. Фыст дзы уыд: иу фыдгæнæджы марды ныхмӕ фехсдзысты 50 ахст адæймаджы. Хъыгдæрд чи баййафа, уый номыл та - 20 уацайраджы. Лæгсырдтæй 5 куы фæхъæуа, уæд та срæмудздзысты скъола. Скъолайы раз лӕууӕг нæлгоймæгтæ бамбæрстой, сæ хиуæтты хъысмæт фыдгӕнджыты къухы кæй ис, уый. Дыккаг суткæ фыццагæй хицæн ницæмæй кодта. Æрмæст адæмы зæрдæты фæзынд ныфс террористтæ ныййарджыты ноггуырдтимæ куы рауагътой, уæд. Æртыккаг бон сихорыл скъолайы æрцыд дыууæ тыхджын срæмыгъды. Райдыдтой æхстытæ. Скъоламæ ныййарц сты æфсæддонтæ æмæ горæты цæрджытæ. Чи - хæцæнгарзимæ, чи - афтид армӕй. Уыцы рæстæг скъолайæ ралидзын сæ къухы бафтыд 30 уацайрагæн. Райдыдта эвакуаци. Цалдæр минуты фæстæ æртыккаг срæмыгъд. Æхстытæ фæкарздæр сты. Сæ сæрмæ нæмгуытæ, афтæмæй æфсæддонтæ æмæ хиуæттæ архайдтой сывæллæтты уацарæй аирвæзын кæныныл. Фыдгæнджытæ фæстейы æхстой лидзӕг сылгоймæгтӕ æмæ сабиты. Срæмыгъдтыты фæстæ ма чи баззад, уыцы уацайрæгты акодтой скъолайы æндæр бæстыхæйттæм. Сæ фылдæры – хæрæндонмæ. Сырдты къухты ма уыд 200 адæймагæй фылдæр. Спортзал бацахсгæйæ спецназ ракодта æдых æмæ, чи фæцæфтæ, уыдоны. Уыцы иу рæстæг тох кодтой боевиктимæ. Изæрмæ æхстытæ нæ банцадысты. Бæстыхайы кæцыдæр хай ныккалд. 4-æм сентябры оперативон-сгарæн мадзæлттæ. Ам баззадысты сæдæгай мæрдтæ. Алы рӕтты пырх æмæ сыгъд чингуытæ, хызӕнтæ. Тугæйдзаг уæлæдарæс. Скъолайы кæрты æрлæууын æнцон нæу. Зæрдæ риуæй рацæйтоны. 334 адæймаджы фæмард. 186 дзы - сывæллæттæ. Уыдон æнустæм баззадысты ам, скъолайы. Теракты фæмардысты «Альфа» æмæ «Вымпел»-ы 10 кусæджы, дыууæ ирвæзынгæнæджы æмæ ма иу бынæттон цæрæг, сывæллæтты чи ирвæзын кодта, ахæм. Æдæппæтæй трагедийы хъыгдæрд баййæфтой 810 адæймаджы.

, чтобы оставлять комментарии