Тагъд азæлдзæн!

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

8 лет назад

Къостайы номыл проспекты Калинины номыл уынгæй Мамсыраты Хаджумары уынджы онг ивынц трамвайы фæндæгтæ. Ныртæккæ куыстытæ кæронмæ фæхæццæ кæнынц. Раздæр горæты администрацийы зæрдæ æвæрдтой, 1-æм сентябрмæ кæй фæуыдзысты куыстытæ, фæлæ сæ бахъуыд аргъæвын. Уыцы хъуыддаг цæимæ баст у æмæ шофырты уавæр кæд фæрогдæр уыдзæн, уый тыххæй нæ дарддæры æрмæг. Трамвайты фæндаг кæй ивынц, уый адæмы цард дæр цыма раивта, афтæ кæсы горæты цæрджытæм ныр дыууæ мæйæ фылдæр. Сæ хæдтулгæты бахъæуы иувæрсты ацæуæнтæ агурын. Уавæр сæ тынг тыхсын кæны. Фæндагыл сахатгай куы баззайай, уæд дзы хорзæй ницы фендзынæ. Уæлдайдæр, къуындæг уынгты куы ныссæдзай, уæд. Хуыбылты Георгий: «Ахæм уавæрты кусын тынг зын у. Машинæтæ дзы уыйбæрц вæййы, æмæ хæдтулгæтæ цалдæр сахаты дæр сæ мидбынатæй нæ фезмæлынц. Вæййы афтæ, æмæ мæ 30-40 минуты дæр бахъæуы ам лæууын». Уæдæ Дзæуджыхъæуы ацы районы цæрджытæн дæр уавæр æхсызгон кæцæй у. Ныр цæмæй автобус, кæнæ маршрутон таксийыл сбадой æмæ сæ хъуыддæгты фæдыл абалц кæной, уый тыххæй сæ бахъæуы фистæгæй дзæвгар ауайын æрлæууæн бынатмæ. Хæдтулгæтæй ам ныккæнæн нал вæййы, кæрæдзийы фæдыл ныххал вæййынц, уымæ гæсгæ æмбæлгæ транспортмæ банхъæлмæ кæсыны рæстæг ныййивæзы. Хамыхъоты Лирæ: «Уавæр бынтон хорз нæу. Æнæхъæн сæрд афтæ уыдис, уæдæ та фæззæг дæр кæронмæ фæхæццæ кæны. Цы хабар у? Фæндаг-ма саразут. Зæрдæ нын бавæрдтой 1-æм сентябрмæ. Æмæ бынтондæр хынджылæггаг систæм». Фæндаггон службæтæ уавæр уынынц. Фидарæй зæгъынц, куыстытæн сæ фылдæр конд кæй æрцыд, уый. Æрмæст, дам, ма рельсыты `хсæн хъæуы асфальт байтауын. Радион Майрамов: «Ныртæккæ æппæт куыстытæ кæронмæ фæхæццæ кæнынц. Ацы къуыри райдайдзыстæм рельсыты `хсæн асфальт æвæрын. Бирæ хъуыддæгтæ дзы ис. Куыстытæ æнцон не сты. Асфальт рельсыты `хсæн куыдфæндыйæ калæн нæй. Хъуамæ бирæ азты фæлæууа». Администрацийы куыстыты фæстиаты аххос федтой боныхъæды уавæрты. Къæвдатæ, дам, арæх кæй уарыдысты, уый тыххæй, зæгъынц, фæндаггон службæтæн кусыны гæнæнтæ нæ уыд. Ныр суанг хурæн йæ фæстаг тынтæ дæр ахсынц. Архайынц, цæмæй сæм адæмæй зулкаст мачиуал кæна. Абайты Мурат: «Нæ горæты трамвайы рельсытæ бынтон хорз уавæры не сты, фæлæ куыд нæ бон у, афтæ сæ архайæм банывыл кæныныл. Раст зæгъгæйæ, куыстытæ аслам нæ рауадысты». Фæндаджы иннæ хæйтты цалцæгмæ ацы аз, æвæццæгæн, нал бауæнддзысты - хур тагъд бынтондæр амбæхсдзæн. Фæлæ иннæ аз фæнд æкнынц рельсытæ суанг Пашковсийы номыл уынгмæ баивын. Дзырд дæттынц, ацы хатт, дам, фæндаджы иннæ архайджыты нал бахъыгдардзыстæм. Ныр кæй цæлцæг кæнынц, уым та хъуамæ рæхджы трамвайты цæлхыты уынæр айзæла. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Тагъд азæлдзæн!

Категория:

Новости и СМИ