Лæмбынæг цæстдард
Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз абон радон хатт кусæг балцы ис республикæйы районты. Ныридæгæн бабæрæг кодта цалдæр объекты. Фыццаджыдæр тарниз дзæбæхгæнæн диспансер. Медицинон объекты 10 корпусы цалцæджы куыстытæ кæронмæ фæхæццæ кæнынц. Ифтонг æй кæнынц хъæугæ кусæнгæрзтæй. Уымæй уæлдай ма хицауады сæрдар бабæрæг кодта республикæйы спортивон хъæбысхæсты центр. Бæстыхай бындуронæй цалцæг кæнынц. Йæ сæр ын ногæй баивтой. Хъæуы ма дзы мидæггаг куыстытæ скæнын. Æппæт хъæугæ мадзæлттæ фæнд кæнынц Иван Ярыгины номыл турнирмæ фæуын. «Кусджытæ ныфс бавæрдтой тагъд рæстæджы цалцæгкæнæн куыстытæ конд кæй фæуыдзысты, уымæй. Азы райдиан дзы спортсментæ уæгъдибар хъæбысхæстæй ерыстæм сæхи цæттæ кæнын райдайдзысты», - РЦИ-Аланийы физкультурæ æмæ спорты министр Гæбулты Владимир. Тускъаты Таймураз ма бабæрæг кодта ацæргæ адæмы хæдзар «Узæлд». Уым бæстыхæйттæй иуы цæуынц цалцæгæнæн куыстытæ. Рæвдауæндоны хъомылгæнинæгтæ бацæттæ кодтой спектакль. Премьер ма абон сбæрæг кæндзæн Горæтгæрон районы æртæ ног рæвдауæндоны арæзтадон куыстытæ куыд æххæстгонд цæуынц уый дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Лæмбынæг цæстдард
Категория:
Новости и СМИ