Ног спортивон объектты арæзтады тыххæй бæстонæй æрныхас кодтой Уæрæсейы спорт æмæ физкультурæйы мини
Ног спортивон объектты арæзтады тыххæй бæстонæй æрныхас кодтой Уæрæсейы спорт æмæ физкультурæйы министрады. Æмбырды сæрдариуæг кодта Уæрæсейы спорты министры хæдивæг Павел Новиков. Ныхас кодтой канд арæзтад нæ, фæлæ ма Цæгат Ирыстоны заууат уавæры цы спортивон объекттæ ис, уыдоны рацарæзтыл. Республикæйы номæй æмбырды архайдта Цæгат Ирыстоны æххæстбарджын минæвар Уæрæсейы президенты цур Дзанайты Барис. Уымæй уæлдай, республикæйы физкультурæ æмæ спорты министр Хуыгаты Алан æмæ бындурон рацарæзты управленийы разамонæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Къесаты Лазо. Тæккæ ахсджиагдæр фарст - стадион «Спартак»-ы бындурон цалцæг. Уыцы хъуыддагыл бакусын Дмитрий Медведев бабар кодта профилон министрадтæн. «Спартак»-ы стадион арæзт æрцыд 60 азы размæ. Ныртæккæ йæ уавæр иуыл хорз нæу. Цæмæй нырыккон домæнтæн дзуапп дæтта, уый тыххæй йæм хъæуы бындуронæй базилын - фæнысан кодта Хуыгаты Алан. Республикæйы ног футболон стадион кæй хъæуы, уый дызæрдыккаг нæу. Ахæм курдиатимæ Владимир Путинмæ раздæр бахатыд республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав дæр. Ног аренæ саразынæй зæрдæ бавæрдтой. Уый дæр хъуамæ фæзына Дзæуджыхъæуы. Футболуарзджытæн дзы уыдзæн 20 мин бынаты. Павел Новиков бæрнон кусджытæн бахæс кодта проектон-документацион куыст афойнадыл саразын, цæмæй хъуыддаг йæ бынатæй сызмæла. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Ног спортивон объектты арæзтады тыххæй бæстонæй æрныхас кодтой Уæрæсейы спорт æмæ физкультурæйы мини
Категория:
Новости и СМИ