Хабæрттæ. Ирыстон // 22:00 // 25 октября 2018
Тыхджын дымгæ Цæгат Ирыстон йæ сæрыл систа. Фæхаста бæстыхæйтты æмбæрзæнтæ, фæкалдта бæлæстæ. Адæм фæдис кæнынц. Ирвæзынгæнджытæ æххуысмæ цæттæ сты. Кæдмæ ахæсдзæн ахæм боныхъæд? Бæрнон кусджыты дзы бафарстам. Завод «Электроцинчы» дарддæры хъысмæтыл æрдзырдтой Парламенты депутаттæ. Хæст сты иу хъуыдыйыл – куыстуат хъæуы сæхгæнын. Куыд æмæ цæй фæрцы, уый уал нырма дзырддаг у. Дон арæхæн дæ цард. Ацы æмбисонд не `ххæсы Нузалы цæрджытыл. Хæтæлтæ кæй базæронд сты, уый аххосæй сæм дон кæлы æрмæстдæр хъæуы `мбисмæ. Фæлæ удхарæй та иууылдæр мæлынц. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Хабæрттæ. Ирыстон // 22:00 // 25 октября 2018
Категория:
Новости и СМИ