Дзæуджыхъæуы уыд парламенты советы æмбырд

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

Цæгат Ирыстон 1 миллиард æмæ 800 милуан сомы федералон бюджетæй райсдзæн, æнæбары чи сыстад йæ цæрæнбынатæй, уыцы адæмæн хæдзæрттæ самал кæнынмæ. Æдæппæтæй 650 бинонтæн. Уый тыххæй парламенты Советы æмбырды фехъусын кодта республикæйы хицауады сæрдары хæдивæг Фадзайты Æхсарбег. Ивгъуыд аз цæрæн бынæттæ райстой 488 бинонтæ. Парламенты сæрдар куыд фæнысан кодта, афтæмæй уый хорз бæрæггæнæн у. Куыд загъта, афтæмæй 5 азы размæ республикæ афæдзмæ æмтгæй райсгæйæ иста æртæ сертификаты. Æмбырды ма дзырдтой Зруджы аргъуаны рацарæзты хъуыддæгтыл дæр. Объект баххæсын хъæуы "Культура России", зæгъгæ, федералон программæмæ. Республикæйы хицауады уæнгтæ Уæрæсейы культурæйы министрадмæ арвыстой хыгъды гæххæттытæ. Фæнысан дзы кодтой «Развитие культуры и туризма», зæгъгæ, паддзахадон программæйы фæлгæты, культурон нысаниуæг кæмæн ис, уыцы объект бахъахъхъæныны хæс. Фадзайты Æхсарбег куыд фæнысан кодта, афтæмæй хъуыддаджы фæдыл хатдзæгтæ нæма скодтой. Национ музейы рацарæзтæн федералон бюджетæй радих кодтой 450 милуан сомы. Фæрæзты руаджы объекты куыстытæ кæронмæ баххæст кæндзысты. 183 милуан сомы радих кодтой республикон сывæллæтты клиникон рынчындонæн. Уым, куыд хъусын кодтам, афтæмæй соматикон корпусы цæуынц цалцæггæн куыстытæ. Уымæй уæлдай ма дзы аразынц сывæллæтты ног поликлиникæ. Иу сменæмæ исдзæн 150 сывæллоны. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Дзæуджыхъæуы уыд парламенты советы æмбырд

Категория:

Новости и СМИ