Хъæугæ æххуыс
Цæгат Ирыстоны хъæууон хæдзарады къабазæн сараздзысты 22 хъармуаты. Ууыл бахардз кæндзысты 19 милуан сомы. Агропромышленнон комплексы райрæзтыл Битарты Вячеслав дзырдта республикæйы хъæууон хæдзарад æмæ хойраджы министр Уазиты Хъазыбегимæ. Министрад майы фермертæн сараздзæн æркаст. Уым сбæрæг кæндзысты, хъармуаттæ кæмæн радих кæндзысты, уый. Æмбырды ма архайдта республикæйы хицауады сæрдары хæдивæг Сæбæтхъуаты Æхсарбег. Уазиты Хъазыбег фембæлды архайджытæн радзырдта министрады æмгуыстады тыххæй компани «Росагролизинг»-имæ. Министры ныхæстæм гæсгæ, ивгъуыд аз Цæгат Ирыстоны сæрмагонд хъæууонхæдзарадон техникæйы нымæц фæфылдæр. Бафтыд сыл 8 иуæджы, 38 милуан сомы аргъ. Уазиты Хъазыбег куыд зæгъы, афтæмæй ацы аз дæр æмгуыст кæндзысты. Ног техникæ балхæныны фадат сын уыдзæн къаддæр аргъæй. Ныридæгæн уал курдиат балæвæрдтой 32 техникæйы иуæджы балхæнынмæ. Сæ иумæйаг аргъ хæццæ кæны 214 милуан соммæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хъæугæ æххуыс
Категория:
Новости и СМИ