Дзæуджыхъæуы уыдис дзыллон-информацион фæрæзты `хсæн мини-футболæй турнир

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

Дзæуджыхъæуы уыдис дзыллон-информацион фæрæзты `хсæн мини-футболæй турнир. Сарæзтой йæ фыццаг хатт. Йæ амидингæнджытæ – парти «Иугонд Уæрæсейы» регионалон хайады уæнгтæ. Æдæппæтæй ерыс кодтой 6 командæйы. Футболы бардуаджы афтæ бафæндыд, æмæ нæ телекомпанийы къорд райста æртыккаг бынат. Уæлахиздзаутæ та разындысты газет «Северная Осетия»-йы хæдахуыр спортсментæ. Уыдысты, дыккаг бынатмæ чи рацыд, мыхуыр æмæ дзыллон информацион уыцы комитеты командæйæ æвзыгъддæр. Раздæры къæпхæны хъазгæйæ сæ тыхтæ рауадысты æмхуызон, уыйфæстæ сæ кæрæдзиимæ схæцын бахъуыд. Цæуыл ахицæн сæ хъазт, уый загътам. Нæ командæйы æртыккаг бынаты мастыл нын иучысыл садджын кодта иу хъуыддаг. Æппæт командæты уæнгты `хсæн тæккæ рæстдзæвиндæр рауад нæ телекомпанийы информацион службæйы уацхæссæг Плиты Хетæг. Асæй кæд се `ппæтæй къаддæр уыд, уæд æнæуый та алкæмæй сæрæндæр фæцис. Йе `ддаг бакаст ын фæпайда, иннæты `хсæн-иу ныхмæлæууæджы дуæртты цур куыд февзæрд, уый-иу æмбаргæ дæр ничи бакодта. Кæс, æмæ та Хетæджы фæрцы пурти хызæджы бамидæг. Æдæппæтæй, Плийы-фырт бакъуырдта, хъуыды ма йыл акæнут, растæриддæр æхсæз пуртийы! Кæронбæттæны турниры уæлахиздзаутæн байуæрстой кубоктæ æмæ майдантæ. Хæдахуыр командæты `хсæн ахæм турнир фæнд кæнынц æрвылаз дæр аразын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Дзæуджыхъæуы уыдис дзыллон-информацион фæрæзты `хсæн мини-футболæй турнир

Категория:

Новости и СМИ