Цæгат Ирыстоны цæуы регионты 'хсæн зонадон-практикон конференци коррупци ма 'руадзыны фарстаты фæдыл
Цæгат Ирыстоны цæуы регионты 'хсæн зонадон-практикон конференци коррупци ма 'руадзыны фарстаты фæдыл. Йæ архайджытæ абон æркастысты, бæстæйы цалдæр субъекты ацы здæхты цы фæлтæрддзинад ис æмæ цавæр архайд цæуы, уымæ. Форумы кусынц Уæрæсейы Президенты администрацийы, стæй Фæллой æмæ социалон хъахъхъæнынады министрады уæнгтæ, Президенты æххæстбарджын минæвары аппарат Цæгат Кавказы федералон зылды, Донецк æмæ Лунанскы адæмон республикæтæ, Дагестан, Татарстан, Стъараполы край, Запорожье, Свердловск, Тулæйы æмæ æндæр облæстты минæвæрттæ. Мадзаларазджытæ - республикæйы сæргълæууæджы цур Коррупцийы ныхмæ тохы управлени. Ныхас цыд паддзахадон, граждайнаг æмæ муниципалон службæйы коррупцион барадхæлдты профилактикæйыл нырыккон информацион технологитæй пайдагæнгæйæ. Æрдзырдтой ма аразгæ интеллект, нейрохызæгтæ æмæ паддзахадон информацион системæ "Посейдон"-ыл. Уый ныртæккæ нæ регионы кусын райдыдта.