Улæфын дæр зонын хъæуы
Цæгат Ирыстоны цæуынц сыгъдæгдзинады зиутæ. Æрмæст иу бонмæ йæ архайджытæ Дзæуджыхъæуы фæлладуадзæн бынæттæй 30 тоннæйы бæрц бырон раластой. Нæ республикæйы цæрджытæн та райдыдта уарзондæр улæфæн бынæттæм цæуыны рæстæг. Цас арæхдæр цæуынц, уый бæрц фылдæр та кæнынц бырæтты обæуттæ дæр. Афтæ Сунжæ æмæ Хъобаны дæр. Хъобангом у нæ республикæйы цæрджыты уарзондæр улæфæн бынæттæй иу. Фæлæ дзы ныртæккæ адæймаджы цæст райдзæн, уый гуырысхойаг у. Уый та уый тыххæй æмæ дзы быронæй къахбавæрæн нæй. Чидæртæ дзы арæзтадон быронæй ахæм къæдзæхтæ самадта æмæ Кавказы хæхтæй хъауджыдæр ницæмæй сты. Æрдзы йæ уды дзæбæхæн кæй зæрдæ бацагуры баулæфын, уыдоны бæрцимæ рæзы Джызæлдоны былгæрæтты цур цы бырæттæ акалынц адæм, уыдоны бæрц дæр. Хъобаны бынæттон администрацимæ дæр ацы хъуыддаг хорз нæ кæсы. Кæд улæфæн бынæттæ хъæууон администрацийы бæрны не`сты, уæддæр Хъобаны цæрджытæ баххуыс кæнынæй зæрдæ æвæрынц. Фæлæ сæм быронласæн машинæ нæй. Сунжæйы хъæугæрон уавæр бирæ хуыздæр нæу. Фæлæ ам бырæтты алы хуызтæй бынтон цæстытæ цæхæр акалынц. Рæстæг æмæ боныхъæд кæуыл нæ фæтых уыдзысты ахæм пластикон æвгтæ, целлофан дзæкъултæ. Бынæттон администрацийы уавæр сраст кæныныл архайынц. Алы сабаты дæр алывæрстæ бафснайынц, фæлæ та хъæугæрон ногæй быронæй байдзаг вæййы. Æрмæст афтæмæй фарста аиуварс кæнæн нæй. Профилон министрады фæнысан кодтой нæ республикæйы сыгъдæгдзинад бæллиццаг кæй нæу,уый. Агурынц уавæр афтæ цæй тыххæй скарз ис, уый аххосæгтæ. Ныридæгæн скодтой хатдзæгтæ: аххосджын сты цæрджытæ. Сæ алыварс æрдзы сыгъдæгдзинадыл нæ ауæрдынц æмæ йæм куыдфæндыйы цæстæй кæсынц, уавæр аивыныл чи архайы, уыдоны куыстæн та æмбæлгæ аргъ нæ кæнынц. Ногæй та бæстæ ссыгъдæг кæнынæй зæрдæ бавæрдтой. Фæлæ йæ бырон бынатмæ бахæццæ кæныннмæ зивæг чи кæны, уыдоны зондахастимæ цы бачындæуа? Уыцы фарстайæн нырма дзуапп нæй. Джиоты Николас _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Улæфын дæр зонын хъæуы
Категория:
Новости и СМИ