Хуссар Ирыстон коронавирусы тыххæй фæнд кæны Гуырдзыстонимæ арæн сæхгæнын
Гуырдзыстонимæ арæн сæхгæнын фæнд кæнынц Хуссар Ирыстоны дæр. Коронавирус дзы кæй фæзынд, уый тасæй. Уый тыххæй уынаффæ рахастой Æдасдзинады Советы æмбырды. Гуырдзыстоны низ кæй рабæрæг кодтой, уымæ гæсгæ Хусар Ирыстон хъуамæ хи бахъахъхъæнынæн æссара æппæт мадзæлттæ. Фарста у ахсджиаг æмæ йæм хъæуы æргом аздахын - фæнысан кодта Хуссар Ирыстоны президент. Сæрмагонд бардзырдмæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны æмæ Гуырдзыстоны арæны ’хсæн уадзæн пункттæ уыдзысты æхгæд. Коронавирус Гуырдзыстоны рабæрæг кодтой 26-æм февралы. Гуырдзыстоны 50-аздзыд нæлгоймаг уыд балцы Иран æмæ Азербайджаны. Цæмæй вирус Хуссар Ирыстонмæ ма бахæццæ уа, уый тыххæй Бибылты Анатолий æнæниздзинад хъахъхъæныны министрадæн бабар кодта хъуыддагыл сахадын. Адæмы æдасдзинадæн хъæуы саразын æппæт хъæугæ мадзæлттæ. Зæгъын хъæуы уый, æмæ коронавирусы тыххæй Абхази дæр йæ арæн сæхгæныны фæнд кæй скодта. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хуссар Ирыстон коронавирусы тыххæй фæнд кæны Гуырдзыстонимæ арæн сæхгæнын
Категория:
Новости и СМИ