Парижы Мадымайрæмы Стыр аргъуаны зынгсирвæзтимæ тох ахицæн абон райсомырдæм

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

4 просмотра

8 лет назад

Парижы Мадымайрæмы Стыр аргъуаны зынгсирвæзтимæ тох ахицæн абон райсомырдæм. Уый тыххæй фехъусын кодтой дунейы егъаудæр информацион агентадтæ. Бæстыхайыл зынг бафтыд, зæгъгæ, фыццаг хъусынгæнинаг фæзынд изæры æвдæм сахаты `рдæгыл бынæттон рæстæгмæ гæсгæ. Арты `взæгтæ уайтагъд ахæлиу сты аргъуаныл. Йæ бирæ хæйттæ хъæдын кæй уыдысты, уый тыххæй зынг бауромын афоныл нæ бантыст. Уымæ гæсгæ сахатæй чысыл фылдæры фæстæ аргъуаны цар цъыбыртты сыгъд бацис æмæ ныккалд. Ныртæккæ уын цы кадртæ `вдисæм, уыдон знон æгас дунейыл апарахат сты. Парижы цæрджытæ æмæ æнæнымæц туристтæ джихæй кастысты, Зæххы къорийы стырдæр хæзнатæй иуы арт куыд ныхъуыры, уымæ. Пиллонимæ тох авиацийы фæрцы кæнæн нæ уыдис, тарстысты, йæ дурын къултæ куы ныккæлой, уымæй. Зынгсирвæзтæй аст сахаты рацыд, афтæ йыл тых кæнын райдыдтой. Райсомырдæм сын бантыст. Цыфæнды уæд, фæлæ Нотр Дамæн аззад æрмæст йæ сыгъд стæгдар. Францийы цæрджытæ фегуыппæг сты ахæм бæллæхæй. Фыдбылызы аххосæгтæ раиртасыныл чи архайы, уыдоны хъуыдымæ гæсгæ аргъуаныл арт схæцыд цалцæджы куыстыты тыххæй. Бæстыхайы алыварс сæвæрдтой хъæдæй конд хизæнтæ, сæ бæрзæнд хæццæ кодта 100 метрмæ. Цыдæр рæстæджы дзы, чизоны, кæмдæр зынджы стъæлфæн асхъиудта. Дарддæр цы `рцыд, уый та федтат. Чысыл бæлвырддæр радзурдзыстæм аргъуанæн йæхи тыххæй. У католикон уырнынады сæйрагдæр нысантæй иу, Парижы феныны аккаг символ. Сарæзтой йæ цæугæдон Сенайы сакъадæхтæй иуыл, горæты бæстастæу. Бындур ын сæвæрдтой, ахъуыды ма йыл кæнут, 1163 азы! Кæронмæ та йæ фесты 1345 азы. Фæстæдæр ма йыл алы дугты æмæ æнусты æфтауæнтæ кодтой, фæлæ йæ бакаст фæбæрæг, цы азтæ фæнысан кодтам, уыдоны. Аргъуанæн ис, абарæн кæмæн нæй, ахæм историон нысаниуæг. Йæ алы дур, йæ алы барельефыл дæр бæрæг дары рагон архитектурæйы фæд. Æмткæй райсгæйæ, йæ бæрзæнд у 35 метры, йæ шпиль ын куы нæ нымайай, уæд. Йæ дæргъ - 130, йæ уæрх та - 48 метры. Аргъуаны дзæнгæрджыты мæсгуыты бæрзæнд у 69 метры, дзæнгæрæг Эммануэлы уæз хæццæ кæны 13 тоннæмæ, йæ `взаг та ласы 500 килограммы бæрц. Диссаг ма уый у, æмæ дзы иунæг цырагъ дæр нæ уыдис. Мидæмæ йæм рухс цыдис, аив æй чи кодта, уыцы витражон æвгтæй. Иунæг ахæм историон цау дæр нæ уыдис Францийы, æмæ йæм Нотр Дам де Пари мацы бар дара. Бæстæйы паддзæхты-иу ам сифтонг кодтой сæ бартæй, уæдæ сын-иу фæстаг фæндараст дæр ам загътой арæх. Бынтон зындгонд та аргъуан ссис, 1831-æм азы ВиктОр Гюгойы роман рухс куы федта, уæд. Йæ ном дæр уыдис аргъуаны номы халдих - «Собор Парижской Богоматери», зæгъгæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Парижы Мадымайрæмы Стыр аргъуаны зынгсирвæзтимæ тох ахицæн абон райсомырдæм

Категория:

Новости и СМИ