Æппæтуæрæсеон адæмон фронты минæвæрттæ бабæрæг кодтой Фыдыбæстæйы Стыр Хæсты æмæ фæсфронты ветеранты
Æппæтуæрæсеон адæмон фронты регионалон хайады минæвæрттæ бабæрæг кодтой Фыдыбæстæйы Стыр Хæсты æмæ фæсфронты ветеранты. Семæ уыдысты Дзæуджыхъæуы социалон лæггæдты бирæвæрсыг центры кусджытæ дæр. Ветерантæн балæвар кодтой Уæлахизы 75-азы юбилейы кадæн хæрзиуджытæ. Уыимæ ма сын æркастысты сæ царды уавæртæм дæр. Куыст æххæст кæнынц æппæтуæрæсеон акци «Забота о ветеранах» -ы фæлгæты. Золойты Владимир Фыдыбæстæйы Стыр Хæсты хъæбатырæй тох кодта нæ бæстæйы сæрибардзинадыл. Архайдта тугкалæн тохы Ржевмæ хæстæг, Курскы къæлæты танчыты тохы. Хæсты рæстæг дыууæ хатты уæззау цæф фæци. Бахæццæ суанг Берлины онг. Владимирæн саккаг кодтой бирæ кадджын хæрзиуджытæ. «За отвагу», «Орден красной звезды». Хæсты фæстæ дæр æфсæддон фæндагыл дарддæр ацыд. Ветераны Уæлахизы бæрæгбоны агъоммæ бабæрæг кодтой æппæтуæрæсеон адæмон фронт æмæ Дзæуджыхъæуы социалон центры минæвæрттæ. Ныртæккæ Золойты Владимирыл цæуы 97 азы. Хъыгагæн, йе нæниздзинад фæцудыдта. Цалдæр азы цæстæй нал уыны. Цæугæ дæр кæны зынтæй. Æппæтуæрæсеон адæмон фронты минæвæрттæ æркастысты ветераны царды фадæттæм дæр. Истæмæй цух æййафы, æви нæ, уымæ. Куыд разынд, афтæмæй иу уаты хъармгæнæн системæ куыд æмбæлы, афтæ нæ кусы. Хæстæгдæр рæстæг хъæндзинад аиуварс кæнынæн баххуыс кæндзысты. Владимир Пруссаков дæр архайдта Фыдыбæстæйы Стыр Хæсты. Баххуыс кодта Беларусь æмæ Польшæ немыцæгтæй суæгъд кæнын. 1945 азы та уыд Берлины æмцæдисон æфсæддонты парады. Цæгат Ирыстонæй дзы архайдтой 16 адæймаджы. Владимир Пруссаковæн Уæрæсейы президенты номæй балæвар кодтой кадджын хæрзиуæг. Владимир Пруссаков, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран: «Нæ бинонты 5 фæлтæры æфсæддонтæ уыдысты. Мæ фыды фыд архайдта Япойнаг хæсты. Мæ фыд - Империалистон хæсты. Æз та мæ дыууæ æфсымæримæ Фыдыбæстæйы Стыр Хæсты. Ме`фсымæртæ фæмардысты Польшæйы зæххыл. Æз та Мæскуыйæ Берлины онг хæцыдтæн тугкалæн тохы. Фыццаг салдат, стæй уад къамандæгæнæгæй. Хæст кæронмæ куы æрхæццæ, уæд мыл 22 азы йеддæмæ нæ цыд. Цыппар хатты цæф уыдтæн. Ныртæккæ мыл 97 азы цæуы. Мæ фырт æмæ мæ фырты фырттæ дæр ацыдысты æфсæддон фæндагыл. Абон мын кад кæй скодой, уый мын тынг æхсызгон у». Уæлахизы юбилейы хæрзиуæг саккаг кодтой Биботы Сослæнбегæн дæр. У хæсты тугкалæн цауты архайæг. Хъæбатырæй тох кодта æмæ тырныдта уæлахизмæ. Уый тыххæй йын лæвæрд æрцыд бирæ кадджын хæрзиуджытæ æмæ майдантæ. Ныртæккæ Сослæнбегыл цæуы 96 азы. Йæ царды уавæртæй тыхсы, стæй истæмæй цух æййафы ветеран, æви нæ, уый дæр æппæтуæрæсеон адæмон фронты уæнгтæ базыдтой. Биботы Сослæнбег фидарæй загъта, цух кæй ницæмæй æййафы, уый æмæ бузныджы ныхæстæ ракодта, кæй йæ нæ рох кæнынц, уый тыххæй. Фыдыбæстæйы Стыр Хæсты фæсфронты ветеран, Чеджемты Нинæйыл та хæсты рæстæг 9 азы йеддæмæ нæ цыд. Фæлæ, уæддæр уыцы бонтæ ирдæй йæ цæстытыл уайынц. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты, фæсфронты ветерантæ æмæ Ленинграды æрхъулайы чи бахауд, уыдоны царды уавæртæм Æппæтуæрæрсеон адæмон фронты минæвæрттæ æппынæдзух сæ цæст дарынц. Абон бабæрæг кодтой Дзæуджыхъæуы ветеранты. Дзоблаты Альбинæ, Дзæуджыхъæуы Ирыстойнаг зылды социалон лæггæдты бирæвæрсыг центры директор, Æппæтуæрæсеон адæмон фронты регионалон хайады уæнг Дарддæр дæр Æппæтуæрæсеон адæмон фронты минæвæрттæ бæрæг кæндзысты ветеранты царды уавæртæ. Хъуамæ нæ бæстæйы сæраппонд чи тох кодта, уыдон рох ма уой. Уæлдайдæр та хъуамæ цух мацæмæй æййафой. Хуасдзауты Алинæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Æппæтуæрæсеон адæмон фронты минæвæрттæ бабæрæг кодтой Фыдыбæстæйы Стыр Хæсты æмæ фæсфронты ветеранты
Категория:
Новости и СМИ