Битарты Вячеслав Бехъаны уавæры тыххæй æххуыс бацагуырдта Дмитрий Кобылкинæй
Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав бахатыд Уæрæсейы æрдзхъахъхъæнынады министр Дмитрий Кобылкинмæ, цæмæй баххуыс кæна Бехъаны экологон уавæрыл иумæ бакусынæн. Уый тыххæй журналисттæн фехъусын кодта республикæйы сæргълæууæджы пресс-службæ. Ныхас цæуы кæсаджы зынаргъ хуызтæ бахъахъхъæныныл. Цæгат Ирыстоны æрдзон æвæрæнты æмæ экологийы министрады хъæппæрисæй иу æмæ дыууæ хатты арæзт не `рцыдысты экологон акцитæ. Бархионты æххуысæй цады былгæрæттæ ссыгъдæг кодтой быронæй. Фæлæ хъуыддагыл хъæуы бындуронæй сахадын. Цадмæ хъæуы бæстонæй бавналын. Бехъан нымад у регионалон æрдзы цыртдзæвæныл. Бацархайын хъæуы йæ сыгъдæгдзинад æмæ фидауцыл бакусын - фæнысан кодта Битарты Вячеслав. Бехъаны цад у канд Æрыдоны районы нæ, фæлæ æнæхъæн республикæйы цæрджыты уарзондæр улæфæн бынæттæй иу. Кæддæриддæр дзы сæ фæллад фæуадзынц бирæ адæм. Уæлдайдæр - сæрдыгон рæстæг. Уæдæ дзы зымæгиуат та фæкæнынц сæдæгай алыхуызон мæргътæ. Бирæтæ дзы хаст сты Уæрæсейы Сырх Чиныгмæ. Цад сарæзтой 1940 азты. 1954 азы йæ кæсагахсджытæ æмæ цуанæтты æхсæнады бæрны бакодтой. Хæрзæрæджы уавæр фæивта, объект бахастой республикæйы æрдз хъахъхъæныны министрады хыгъдмæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Битарты Вячеслав Бехъаны уавæры тыххæй æххуыс бацагуырдта Дмитрий Кобылкинæй
Категория:
Новости и СМИ