Хуссар Ирыстон абон бæрæг кæны республикæйы бон

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

6 просмотров

7 лет назад

Хуссар Ирыстон абон бæрæг кæны республикæйы бон. Уый фæдыл Уæрæсейы президент Владимир Путин Бибылты Анатолиймæ арвыста арфæйы тел. Уыцы историон цау æрцыд 29 азы размæ. 1990-æм азы 20-æм сентябры Хуссар Ирыстоны автономон облæсты адæмон депутатты совет схъæлæс кодта Хуссар Ирыстоны республикæ саразыныл. Бæрæгбоны номыл Цхинвалы арæзт æрцыд æфсæддон парад. Республикæйы сæйраг горæты æмæ районты дæр сарæзтой концерттæ. Аив, райдзаст æмæ цымыдисаг бæрæгбоны тыххæй не ’мкусджытæ бацæттæ кодтой æрмæг. Спайда кодтой телекомпани «Ир»-æй ист кадртæй. Æфсæддон парад ацыд Цхинвалы сæйраг уынджы. Разамынд ын лæвæрдта республикæйы хъахъхъæнынады министр инæлар-лейиенант Гассеты Ирбагим. Парадæн къаманды лæвæрдта Хуссар Ирыстоны гæрзифтонг тыхты генералон штабы разамонæг инæлар-майор Виктор Федоров. Хуссар Ирыстоны гæрзифтонг тыхты сæйраг командыгæнæг Бибылты Анатолий арфæ ракодта республикæйы цæрджытæн. Адæмæн сæ зæрдыл æрлæууын кодта, паддзахадон хæдбардзинады декларацийы тыххæй. Донкуемент сфидар кодтой Хуссар Ирыстоны автономон облæсты депутатты æмбырды 20-æм сентябры, 1990 азы. Уый фæстæ облæст нымайын райдыдтой Республикæйыл. Историон цауæн уыд ахсджиаг фæстиуджытæ. Документæй депутаттæ ныхкъуырд радтой гуырдзиаг провокатортæн. Уæвгæ провокацитæ аразын ахуыр сты. Уымæн æвдисæн фæстаг рæстæг та сабырдзинады æмæ æдасдзинады домæнтæ Гуырдзыстоны рдыгæй хæлд кæй цæуынц, уый. Ныхас цæуы æнæзакъонæй арæны цы пост арæзт цæуы, ууыл. Уыимæ сабырдзинады бадзырд сфидар кæнын кæй нæ фæнды. Хуссар Ирыстоны адæмæн Республикæйы боны фæдыл арфæ ныхæстæ зæгъынмæ саккаг кодтой Цæгат Ирыстоны, Мæскуы, Цæгат Кавказы республикæты минæвæрттæ. Уыимæ ма Донецкы æмæ Луганскы республикæтæй уазджытæ. Кадджын мадзалы маршы цыдысты хъахъхъæнынады æмæ мидхъуыддæгты министрадтыы кусджытæ. Паддзахадон æдасдзинады службæгæнджытæ, арæнхъахъхъæнджытæ, Федералон æдасдзинады æмæ 4-æм гвардийы æфсæддон базæйы минæвæрттæ. Æдæппæтæй парады уыд 19 æфæддон къорды æмæ тырыса чи хаста ахæм 6 сæрмагонд къорды. Хъахъхъæнынады министрады æфсæддонтæ фыццаг хатт парады сарæзтой æвдисæн ахуыртæ. Хуссар Ирыстоны адæм 29 азы æмгъуыдмæ бирæ зындзинæдтæ бавзæрста. Абон сын бар ис хæдбар паддзахадын цæрын. Республикæйы алы цæрæг дæр 20 сентябрь нымайдзæн ахсджиаг паддзахадон бæрæгбоныл. Къутæрты Аидæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Хуссар Ирыстон абон бæрæг кæны республикæйы бон

Категория:

Новости и СМИ