Спорты рæзтæн
Дзæуджыхъæуы кадджын уавæры байгом кодтой бирæвæрсыг спортивон фæз гом арвы бын. Мадзалы архайдтой нæ республикæйы хицауады сæрдары хæдивæг, арæзтад æмæ спорты министртæ, горæты администрацийы минæвæрттæ, скъоладзаутæ æмæ æрыгон спортсментæ. Фæз сифтонг кодтой æппæт хъæугæ спортивон кусæнгæрзтæй: дугъ кæнынæн, воркаутæй архайынæн. Уымæй уæлдай ма дзы ис баскетбол æмæ футболæй хъазынæн бынат. Уыцы-иу рæстæг фæзы 100 адæймаджы бон у архайын. Футболон фæз у 60 метры. Сывæллæтты хæдахуыр командæты аккаг у. Дугъ кæныны тренажер дзуапп дæтты æдасдзинады домæнтæн. Афтæ арæзт сты, цæмæй дугъ кæнгæйæ адæймаг тагъд ма бафæллайа. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Спорты рæзтæн
Категория:
Новости и СМИ