Куадзæны адæмы æдасдзинадмæ кæсдзысты сæрмагонд службæйы кусджытæ
Куадзæны бæрæгбоны рæстæг адæмы æдасдзинад хъахъхъæндзысты мидхъуыддæгты министрады кусджытæ æмæ Уæрæсейы Национ гвардийы службæгæнджытæ. Бæрæгбонмæ цæттæ кæныны мадзæлттыл æрныхас кодтой антитеррористон къамисы æмбырды. Сæрдариуæг дзы кодта Битарты Вячеслав. Сæрмагонд службæты 3000 мин кусæджы ацæудзысты 32 аргъуан, æмæ моладзандонмæ. Георгий Уæлахизхæссæджы аргъуанмæ 27-æм апрелы Иерусалимæй хъуамæ сласой арфæгонд арт. Битарты Вячеслав бадомдта, цæмæй республикæйы хицауады уæнгтæ, бынæттон администрациты æмæ барадхъахъхъæнджыты хсæн æмгуыстады фæтк снысан кæной. Цæмæй бæрæгбоны мадзæлттæ саразой æмбæлгæ æмвæзадыл. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Куадзæны адæмы æдасдзинадмæ кæсдзысты сæрмагонд службæйы кусджытæ
Категория:
Новости и СМИ