Цæгат Ирыстоны, гæнæн ис, æмæ фæзындзæн нациты `хсæн ахастдзинæдты фæсивæдон центр
Цæгат Ирыстоны, гæнæн ис, æмæ фæзындзæн нациты `хсæн ахастдзинæдты фæсивæдон центр. Æмархайгæйæ центры уæнгты хæс уыдзæн сабырдзинад тауын æмæ нациты æнгомдзинадыл кусын. Уый тыххæй дзырдтой адæмты хæлардзинады республикон хæдзары. Форумы архайдтой националон æмæ æддагон бастдзинæдты министрады минæвæрттæ, фæсивæдон парламент, скъолаты ахуыргæнджытæ æмæ ахуырдзаутæ. Æмбырды ма дзырдтой наукон-культурон æхсæнадты архайды тыххæй фæсивæды раст хъомылады. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv