Таутиаты Азæ йæхи къухæй аразы национ хуызы куклатæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

7 лет назад

Сæрмæттон æфсæддоны фæлгонцы хуыз, гæнæн ис, æмæ фæзына Лиссабоны музейы. Йæ аразæг Таутиаты Азæ. Уый куы фехъуыста, музейы ис сæрмæттон культурæйы хайад, уæд сфæнд кодта йæ курдиат арвитын. Ныртæккæ æнхъæлмæ кæсы дзуаппмæ. Арæхстджын æрмдæсныйы куыстытæ се 'ппæт дæр адæймаджы дисы 'фтауынц. Нæ сфæлдыстадон къорд дæр сын стыр аргъ скодта. Бæлвырддæр радзурдзæн Хуасдзауты Алинæ. Таутиаты Азæ ныр 7 азы дæргъы йæхи къухæй аразы национ хуызы куклатæ. Уымæ йæ сразæнгард кодта æрмдæсныты дуканийы цы куклатæ федта, уыдон. Уæд æй уайтагъд бамбæрста, сæ цæсгæмтты цыдæр кæй нæ фаг кæны, уый. Сфæнд кодта йæхи бафæлварын. Уæдæй абонмæ Азæйы арæхстдзинады тыххæй канд республикæйы нæ, фæлæ æнæхъæн Уæрæсейы дæр базыдтой. Алы куклайыл дæр архайы удуæлдайæ. Бавæры дзы йæ зæрдæйы хъарм. Йæ куклатæ Таутиаты Азæ кæны полимерæй арæзт æлыгæй. Куыд зæгъы, афтæймæй иннæ æрмæджытæй уымæй хицæн кæны, æмæ куклайæн æцæг хуыз кæй ратты. Мидбылхудт, цæстæнгас. Йæ егъаудæр куыстыл Азæ нымайы сæрмæттаг æфсæддоны. Куыста йыл Хуытъинаты Аланимæ. Раст цыма дæ цуры æцæг рагон æфсæддон лæууы, адæймагмæ афтæ кæсы. Дыууæ метры онг у йæ бæрзæнд. Æппæт куыст дæр æрмдæснытæ кодтой историон æрмæджытæм гæсгæ. Сæрмæттон æфсæддоны фæлгонц сарæзтой иу азмæ. Ныридæгæн йæ федтой бирæ равдыстыты. Кæмдæриддæр уа, æппæт адæмы дæр сцымыдис кæны. Ныр та, гæнæн ис, æмæ æфсæддоны фендзысты Лиссабоны музейы дæр. Азæ куы фехъуыста, музейы ис сæрмæттон культурæйы хайад, уæд сфæнд кодта йæ курдиат арвитын. Ныртæккæ æнхъæлмæ кæсы дзуаппмæ. Арæхстджын æрмдæсныйы куыстытæ се 'ппæт дæр адæймаджы дисы 'фтауынц. Рагон кадæггæнджытæ, ирон чындзытæ æмæ джигиттæ. Азæ йæ дæсныйады сусæгдзинæдтæ æргом кæны кæй фæнды, уыдонæн дæр лæвар. Ахæмтæ та разыны бирæ. Ахуырты фæстæ иу Азæ саразы сæ куыстыты равдыст. Фидæнмæ дæр æм бирæ пълæнттæ ис. Таутиаты Азæ йæ сæйраг хæсыл нымайы нæ рагон культурæ æмæ традицитæй рохуаты цы баззад, уыдон адæмы зæрдыл йæ куыстыты руаджы æрлæууын кæнын. Æмæ йæ къухы кæй æфты, уый дызæрдыккаг нæу. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Таутиаты Азæ йæхи къухæй аразы национ хуызы куклатæ

Категория:

Новости и СМИ