Спорткомплексы арæзтад Æрыдоны кæронмæ фæуыдзæн хæстæгдæр дыууæ мæйы
Æрыдоны дарддæр аразынц спортивон комплекс. Объект эксплуатацийы раттынвæнд кодтой декабры кæрон, фæлæ пандемийæйы аххосæй уый къухы нæ бафтыд. Ныртæккæ бæстыхайы кæронмæ фæвæййынц мидæггаг куыстытæ. Спортивон галуаны уыдзæн хъæбысхæст, бокс, дзюдо, уæззау æмæ рог атлетикæйæ архайӕн. Фӕстӕдӕр рахиздзысты спорткомплексы алфамбылай аивгæнæн куыстытæм. Уыдзæн дзы теннисæй хъазынæн корт, сывæллæттæн хъазæн фæз, волейбол æмæ баскетболæй хъазæн зонæтæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv