Тургеневы номыл уынджы цæрджытæ хъаст кæнынц фæндаджы уавæрæй

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

8 лет назад

Исчи зæгъдзæн, æмæ Уралмæ цæмæн ахæццæ стут, кæд æмæ нæхимæ дæр ахæм нывтæ ссарæн ис? Гæнæн ис, æмæ раст уыдзæн. Уымæн æмæ уын мæнæ ныртæккæ æвдисæнтæ дæр фенын кæндзыстæм. Нæ режиссеры къухы цы кадртæ ис, уыдон уын хæссæм уæ размæ. Систой сæ горæты цæрджытæ, интернетмæ та бафтыдысты портал Осетия-Ньюсы фæрцы. Куыд уынут, афтæмæй фæндагæй мæнг муртæ йеддæмæ ницыуал аззад. Кадртыл сабитæ сæхи ирхæфсынц цъымараты `хсæн. Æндæр гæнæн сын нæй, уымæн æмæ сæ хæдзæртты рацæуæнты тæккæ цур сты. Исгæ та сæ скодтой Тургеневы номыл уынгыл. Дзыхъхъытæй нал зыны фæндаг. Радиоуылæнтæй кусгæ хъазæн хæдтулгæты цы сывæллæттæ бады, уыдон, æвæццæгæн, рагацау ахуыр кæнынц сæхи ахæм нывтæм. Бынæттон цæрджыты ныхæстæм гæсгæ, сæ ныййарджытæ чысылæй фæстæмæ æфтауынц царды æцæгдзинадыл. Фæлæ хъазæн ныхæстæ иуварс куы фæуадзæм, уæд та суанг такситы шофыртæ дæр нæ комынц ацы ранмæ, мæ хæдтулгæ искуы азгъæлдзæн, зæгъгæ. Раздæр адæм хъаст кодтой горæты администрацимæ. Уым сын зæрдæ бавæрдтой, ацы аз сын сæ уынгмæ кæй базылдысты, уымæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Тургеневы номыл уынджы цæрджытæ хъаст кæнынц фæндаджы уавæрæй

Категория:

Новости и СМИ