Цæлыччы нуазыны дон ныр кæлы æнæкъуылымпытæй
Цæлыкмæ нуазыны дон кæлы æнæкъуылымпытæй. Баивтой дзы дондзæуæн хæтæлты 2 æмæ 'рдæг километры. Бацалцæг кодтой донцъирæн станцæ дæр. Дондзæуæн системæ банывыл кодтой æгас хъæуы дæр. Дон цæуы иу донгуырæнæй иннæтæ уал æхгæд æрцыдысты. Донимæ баст куыстытæн сæ кæцыдæр хай баххæст кодтой Заманхъулы дæр. Баивтой дзы магистралон хæтæлы уадздзаг. Ныр дон кæлы парахатæй. Æхцайы фæрæзтæ куыстытæн рахай кодтой республикæйы бюджетæй. Æдæппæтæй сын бахъуыд 17 милуан сомы. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv