Епархимæ бадзырд
Цæгат Ирыстоны адæймаджы бартæ хъахъхъæнджытæ æмгуыст кæндзысты Дзæуджыхъæуы епархиимæ. Уый тыххæй абон Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг епископ Леонид, стæй омбудсмен Уалыты Эльбрус бафыстой æмгуыстады бадзырд. Бадзырды сæйраг нысан у æппæтадæмон, дины æмæ æхсæнады хæзнатæ фидар кæнын. Фидæны сæ зæрды ис фæсивæды хъомыладæн алыхуызон мадзæлттæ саразын. Амондзысты дзы закъоны домæнтæ, адæймаджы бартæ æмæ сæ куыд бахъахъхъæнæн ис, уый, æмæ æндæр ахсджиаг фарстатæ. Бæрæг кæндзысты сывæллæтты хæдзæрттæ æмæ æнахъом сывæллæтты колонитæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Епархимæ бадзырд
Категория:
Новости и СМИ