Дæнцæгæн хæссинаг кæрт

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

4 просмотра

8 лет назад

Гугкаты Сергейы номыл уынджы бирæуæладзыгон хæдзары кæрт дæр, гæнæн ис, æмæ суа дæнцæгæн хæссинаг. Хæдзары цæрджытæ иумæйаг тыхтæй сæ кæртæй æппæлинаг фæз ацарæзтой. Чи зайæгойтæ садзы æмæ сæм зилы, чи та йын йæ сыгъдæгдзинадмæ цæст дары. Не сфæлдыстадон къорды уæнгтæ дæр федтой уыцы аив кæрт æмæ базыдтой, алкæмæн уарзон бынат куыд ис саразæн, уый сусæгдзинæдтæ. Ацы цъæх сакъадах фæзынд Гугкаты Сергейы номыл уынджы бирæуæладзыгон хæдзæртты `хсæн. Кæрт зылд у æмæ иннæты æхсæн бæрæг дары. Ныртæккæ йæм кæсынц цæрджытæ. Ацы хабар 7 азы размæ райдыдта Мамыкъаты Альбинæ. Уæд иу йæ кæртæй йæ цæсгом ссыгъд, ахæм уавæры уыд. Дуæрттæ уарынæй пырх, асфальтæн та дзы йæ кой дæр нæ уыд. Цалцæггæнæн куыстытæ райдыдта бахизæнтæй. Альбинæйы фарсмæ æрбалæууыдысты йæ сыхæгтæ дæр. Альбинæйы ныхæстæм гæсгæ, сæ кæрты уавæр фæхуыздæр кæнын сын бантыст цалдæр азмæ. Зæгъæм, дуртимæ 3 азы куыстой: æвзаргæ къæйтæ фембырд кодтой, стæй та сæ уæд рæсугъд самадтой. Хæдзары цæрджытæ бафиппайдтой, сæ кæртмæ цы уазджытæ æрбафтынц. уыдон сæм хæлæг дæр фæкæнынц. Уымæн æмæ ма базылдысты сæ бæстыхайы æмæ кæрты сæрдыгон хæдзармæ бахизæнтæм. Ахæм кæртыты хсæн хуыздæр равзарынæн горæты администраци сарæзта сæрмагонд æркаст. Райдайдзæн ацы мæйы. Æркасты архайыны бар ис бирæуæладзыгон хæдзæртты цæрджыты æмбалæдтæн, цæрæнуæтты кооперативтæн, разамынддæттæг компанитæн, стæй хæдзармæ чи кæсы, ахæм адæмæн. Давид Хуыбаты, цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады цæрæнуæтты хайады сæйраг специалист: «Æркасты сæйраг домæнтæ сты асфальты хæрзхъæддзинад, хæдзары æддаг бакаст, подъездты æмæ хæдзары алыварс фæзуаты санитарон уавæр. Кæсдзыстæм ма кæрт куыд аивгонд у, стæй дзы цас цъæх фæлыст ис, уымæ». Æркасты архайынмæ цы гæххæттытæ æрбарвыстой, уыдонмæ се `ргом аздахдзæн Дзæуджыхъæуы администрацийы къамис. Хуыздæр кæрт та равзардзысты, æрмæстдæр сæ куы бабæрæг кæной, уæд. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Дæнцæгæн хæссинаг кæрт

Категория:

Новости и СМИ