Фермертæн гранттæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

Цæгат Ирыстоны хъæууон хæдзарад æмæ æфсисады министр æркаст Алагиры районы фермерты хъомысмæ. Уыдон се `ппæт дæр балæвæрдтой сæ гæххæттытæ паддзахадон гранттæ рамбулыны æркастмæ. Сæ бон у 3 милуан сомæй сæхи фæхъæздыгдæр кæнын. Бинонты фермæтæ фестырдæр кæнынæн та паддзахадæй 30 милуан сомы онг ис æххуыс райсæн. Пелиты Отар фос йæ цæргæ бонты дары. Фæлæ Майрæмададжы гыццыл хæдзарад саразын йæ къухы нырма 2 азы размæ бафтыд. Ис æм стурвосы 400 сæры. Фæлæ фермерæн зæхх нæ фаг кæны. Уымæ гæсгæ фос æрмæстдæр дзидзайæн схæссы. Æхсыры куыст кæнын дæр æй бæргæ фæнды, фæлæ йын фадат нæй. Йæ зæрдæ дары паддзахадон грантæ йын кæй баххуыс кæндзысты йæ куыстуат фæуæрæхдæр кæнынæн. Алагиры районы сæрвæттæ æмæ уыгæрдæнтæ кæй нæ фаг кæны, уый зындгонд у. Фæлæ бынæттон разамынд архайы фосдарджытæн æмбæлгæ уавæртæ саразынæн. Республикæйы хъæууон хæдзарады министр Уазиты Хъазыбег æркаст паддзахадон æххуыс кæмæн æмбæлы, уыцы фермæтæм. Лæмбынæг байхъуыста фосдарджытæм дæр, сæ хъæппæристæм æмæ хъуыдытæм. Йæ ныхæстæм гæсгæ курдиат чи балæвæрдта, уыдонæй алы фермеры бон у паддзахадон æххуыс райсын. Фермерты цы хъæуы, уымæй сын баххуыс кæндзысты. Зæгъæм, министрады сын кæнынц консультацитæ дæр. Сæ бон базонын у, грант райсынæн гæххæттытæ раст куыд бацæттæ кæнæн ис, уый дæр. «Уымæй уæлдай ма алы фермеримæ хибарæй кусдзыстæм» — зæгъынц министрады. Паддзахад цы æхцайы фæрæзтæ дæттынц, уыдон дæр гыццыл не сты. Бинонты фермæтæ кæй хонынц, уыдонæн фадат ис Грант 30 милуан сомы онг райсын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Фермертæн гранттæ

Категория:

Новости и СМИ